Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 5:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Аннӕтӕ та дзырдтой, мах, дам, нӕ хуымтӕ ӕмӕ нӕ сӕндӕттӕ цъынды раттӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕвзист ӕфстау райсӕм, цӕмӕй паддзахы хъалон бафидӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 5:4
9 Iomraidhean Croise  

Паддзахӕн хъуамӕ зындгонд уа: ацы сахар арӕзт куы ’рцӕуа ӕмӕ йын йӕ къултӕ амад куы фӕуой, уӕд уыдон налдӕр хъалон, налдӕр фиддон, налдӕр илци фиддзысты, ӕмӕ уый паддзахы къазнайӕн ӕнӕмӕнг зиан уыдзӕни.


Йерусалимы уыдис, доны фале ӕгасӕй дӕр кӕй къухы уыди, хъалонтӕ, фиддонтӕ ӕмӕ илци фыст кӕмӕн цыдис, ахӕм домбай паддзӕхтӕ.


Уымӕй уӕлдай ма уын хъуамӕ зындгонд уа, Хуыцауы уыцы хӕдзары сауджынтӕ, левиттӕ, зарӕггӕнджытӕ, дуаргӕстӕ, Кувӕндоны лӕггадгӕнджытӕй никӕуыл ис ӕвӕрӕн нӕдӕр фиддон, нӕдӕр хъалон, нӕдӕр илци.


Иннӕтӕ дзырдтой, стонджы азарӕй нӕ хуымтӕ, нӕ сӕндӕттӕ, нӕ хӕдзӕрттӕ цъынды дӕттинаг фесты, зӕгъгӕ.


Йӕ бирӕ бӕркад, нӕ тӕригъӕдты аххосӕй нӕ Ды кӕй дӕлбар бакодтай, уыцы паддзӕхтӕм ӕрхауы. Нӕхиуыл дӕр ӕмӕ нӕ фосыл дӕр сӕ бар цӕуы. Цы сӕ фӕнды, уый кӕнынц, уынгӕджы бон ныл акодта.


Хъӕздыг мӕгуыр лӕгӕн — йӕ хицау, хӕсджын та, хӕс кӕмӕй дары, уымӕн — йӕ цагъар.


Фӕлӕ Ефремы байзӕддӕгтӕ ханаанӕгты Гезерӕй нӕ фӕсырдтой, ӕмӕ абон дӕр се ’хсӕн цӕрынц, ӕрмӕст цагъайрӕгтӕ систы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan