Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 5:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Сыхаг адӕмтӕй нӕм чи цыдис, уыдоны йеддӕмӕ ма-иу мӕ фынджы уӕлхъус иудейӕгтӕ ӕмӕ хицӕуттӕй бадти сӕдӕ фӕндзай адӕймаджы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 5:17
8 Iomraidhean Croise  

Мефивошет царди Йерусалимы, уымӕн ӕмӕ кӕддӕриддӕр паддзахимӕ иу фынгыл бадти. Йӕ дыууӕ къахӕй дӕр къуылых уыдис.


Давид ын загъта: «Ма тӕрс. Дӕ фыд Ионатаны сӕр хъуыды кӕнгӕйӕ, ӕз дӕуӕн ӕнӕмӕнг хорзы бацӕудзынӕн. Дӕ фыды фыд Саулы зӕххытӕ дын иууылдӕр фӕстӕмӕ ратдзынӕн, дӕхӕдӕг та кӕддӕриддӕр мемӕ ӕмвынг уыдзынӕ».


Ныр цу ӕмӕ мын Кармелы хохы сӕрмӕ ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы, стӕй Баалы цыппарсӕдӕ фӕндзай пехуымпары, ноджы ма, Иезавелы хардзӕй йӕ гуыбын чи ӕфсады, уыдоны — Ашерӕйы цыппарсӕдӕ пехуымпары».


«Ды зоныс, Мӕ фыд Давидӕн Дунедарӕджы Кувӕндон саразын нӕ бантыст, уымӕн ӕмӕ ӕдзух йӕ сыхаг адӕмтимӕ хӕцыди, йӕ фыдгултимӕ, цалынмӕ йын Дунедарӕг уӕлахиз нӕ радта, се ’ппӕты дӕр ын йӕ къӕхты бын нӕ ныккодта, уӕдмӕ.


Уыимӕ ӕз ацы къул аразынӕн дӕр ӕххуыс кодтон, уӕдӕ ӕлхӕнгӕ дӕр никӕй хуымтӕ кодтам. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр иууылдӕр уым куыстой.


Ӕууӕнкджын лӕгӕн та йӕ фӕндтӕ дӕр ӕфсармджын сты. Алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг у йӕ цӕсгом.


Цы уӕм ис, уымӕй хай кӕнут уе ’мдин ӕфсымӕртӕн, исты хъуаг куы уой, уӕд; уазӕгыл уӕхи ма тигъ кӕнут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan