16 Уыимӕ ӕз ацы къул аразынӕн дӕр ӕххуыс кодтон, уӕдӕ ӕлхӕнгӕ дӕр никӕй хуымтӕ кодтам. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр иууылдӕр уым куыстой.
Мӕ размӕйы облӕсты хицӕуттӕ та адӕмыл уаргъ ӕвӕрдтой: ӕвзисты дыууиссӕдз шекелӕй уӕлӕмӕ ма адӕмӕй домдтой хор ӕмӕ сӕн. Суанг ма сӕ фӕсдзӕуинтӕ дӕр ӕлдариуӕг кодтой адӕмӕн. Фӕлӕ ӕз афтӕ нӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсын.
Сыхаг адӕмтӕй нӕм чи цыдис, уыдоны йеддӕмӕ ма-иу мӕ фынджы уӕлхъус иудейӕгтӕ ӕмӕ хицӕуттӕй бадти сӕдӕ фӕндзай адӕймаджы.
Моисей тынг смӕсты ис ӕмӕ загъта Дунедарӕгӕн: «Ма сын баввӕрс сӕ хуынтыл. Ӕз сӕ хӕрӕг дӕр куы никӕмӕй райстон, иуӕн дӕр дзы ӕвзӕрӕй куы ницы ракодтон!»
Сойджын мӕрыл чи ӕрхауди, уыдон та сты ахӕм адӕм — фехъусынц ныхас, арф ӕй бавӕрынц сӕ фӕлмӕн ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйы ӕмӕ фӕразон кӕй сты, уый фӕрцы стыр пайда ӕрхӕссынц.
иудадзыг хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы ӕмӕ афтӕмӕй намыс, кад ӕмӕ ӕнӕмӕлӕтмӕ чи тырны, уыдонӕн — мыггагмӕйы цард;
Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, иудадзыг ӕмӕ зӕрдиагӕй кусут Бардарӕгӕн; уӕ фӕллойы тыххӕй Бардарӕгӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзыстут, уый зонут.
Уӕдӕ ӕвӕллайгӕйӕ аразӕм хорз хъуыддӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ, кӕд нӕ хъару нӕ асӕтта, уӕд йӕ заманы ӕркӕрддзыстӕм, цы байтауӕм, уый.