Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 5:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Мӕ размӕйы облӕсты хицӕуттӕ та адӕмыл уаргъ ӕвӕрдтой: ӕвзисты дыууиссӕдз шекелӕй уӕлӕмӕ ма адӕмӕй домдтой хор ӕмӕ сӕн. Суанг ма сӕ фӕсдзӕуинтӕ дӕр ӕлдариуӕг кодтой адӕмӕн. Фӕлӕ ӕз афтӕ нӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 5:15
19 Iomraidhean Croise  

Авраам дзуапп радта: «Ӕз загътон: „Ацы ран Хуыцауӕй ӕппындӕр нӕ тӕрсынц ӕмӕ мӕ мардзысты мӕ усы тыххӕй“.


Ӕртыккаг бон сын Йосеф загъта: «Ӕз Хуыцауӕй тӕрсын ӕмӕ уын зӕгъын, удӕгасӕй баззайдзыстут, мӕнӕ афтӕ куы бакӕнат, уӕд.


Уыимӕ ӕз ацы къул аразынӕн дӕр ӕххуыс кодтон, уӕдӕ ӕлхӕнгӕ дӕр никӕй хуымтӕ кодтам. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр иууылдӕр уым куыстой.


Загътон сын, хорз нӕ кӕнут. Ау, Хуыцауӕй хъуамӕ ма тӕрсат? Цӕмӕй нын иннӕ адӕмтӕ, не знӕгтӕ, фидис ма кӕной.


Ӕз Хуыцауы азарӕй тынгдӕр ницӕмӕй тарстӕн, Йе стырады раз ахӕм исты ракӕнын нӕ бауӕндыдаин.


Алелуйа! Ӕппӕлут Дунедарӕгӕй, Йӕ цагъартӕ, Дунедарӕджы номӕй ӕппӕлут.


Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынц; Дунедарӕгӕй тас фыдбылызӕй бахизы.


Кӕд паддзах мӕнг ныхӕстӕм хъусы, уӕд йӕ фӕсдзӕуинтӕ сты ӕнаккӕгтӕ.


Сымахӕй чи тӕрсы Дунедарӕгӕй, чи уӕ кӕсы Йӕ цагъары коммӕ? Йӕ фӕндаг мӕйдары кӕмӕн у ӕмӕ рухсы цъыртт чи нӕ уыны, уый йӕ зӕрдӕ дарӕд Дунедарӕгыл, ныфсхаст уӕд йӕ Хуыцауӕй!


Ӕмӕ мӕ фыды ’фсымӕры фырт Ханамелӕй, Анатоты сахары йын цы зӕххы хай уыди, уый балхӕдтон, ӕвддӕс шекелы йын ӕвзист сбарстон.


Цагъайрӕгтӕ нын хицӕуттӕ куы систы, фервӕзын сӕ куынӕуал у нӕ бон!


Кӕд уарзон салам ӕрмӕстдӕр уе ’фсымӕртӕн дӕттут, уӕд уым уадиссагӕй цы ис? Муртаттӕгтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?


Хъуаг цӕмӕй ӕййӕфтон, уымӕй мын баххуыс кодтой Македонийӕ ӕрцӕуӕг ӕфсымӕртӕ. Ӕз уӕ никуы батыхсын кодтон ӕмӕ уӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ батыхсын кӕндзынӕн.


Иннӕ аргъуантӕй уӕлдай уӕ хъыджы цӕмӕй бацыдтӕн? Кӕй уӕ нӕ батыхсын кодтон, уымӕй? Ныббарут мын мӕ ацы азым!


Уӕ быдыртӕ ӕмӕ уын уӕ сӕндӕтты тыллӕгӕн райсдзӕн йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ йӕ ратдзӕн йӕ барджынтӕ ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan