Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 5:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Ӕз мӕ рон, цыма мӕ хӕзнатӕ зӕхмӕ калын, афтӕ ӕрцӕгъдӕгау кодтон ӕмӕ загътон: «Йӕ дзырдӕн хицау чи нӕ разына, уыцы адӕймаджы дӕр Хуыцау раст афтӕ фӕхауӕггаг кӕнӕд йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йӕ исбонӕй, ӕмӕ мӕ ронау афтидӕй аззайӕд!» Иууылдӕр загътой: «Аммен!» ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн. Адӕм хицау разындысты сӕ дзырдӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 5:13
17 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ паддзах уым уӕлӕуӕз йӕ сӕрмагонд бынаты слӕууыд ӕмӕ Дунедарӕджы цӕсгомы раз сфидар кодта Фидыд — Дунедарӕджы коммӕ кӕй кӕсдзӕн, Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ уынаффӕтӕ ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ зӕрдиагӕй кӕй ӕххӕст кӕндзӕн, кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ацы Фидыды чиныджы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон дӕр. Ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр ууыл бафидыдтой.


Дунедарӕг уӕд арфӕгонд, йе Стыр Хуыцау Израилӕн! Кад Ын уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Ӕппӕт адӕм дӕр загътой: «Аммен! Алелуйа!»


Езра Стыр Хуыцауӕн, Дунедарӕгӕн, раарфӕ кодта, ӕмӕ адӕм иууылдӕр, аммен, аммен, зӕгъгӕ, сӕ къухтӕ уӕлӕмӕ сдардтой. Уый фӕстӕ сӕ сӕртӕ ӕркъул кодтой, кувгӕ-кувын зӕххыл ныддӕлгом сты.


Раздах мын Дӕ ирвӕзындзинады цин, Дӕ хъомысджын Удӕй мӕ сфидар кӕн.


Ӕз загътон: «Мӕ бӕллӕх уый у, ӕмӕ Бӕрзӕндтыл Бадӕджы къух раздӕры хуызӕн нал у».


Хуыцауы ӕгъдау чи ферох кодта, уыдон ӕнӕхуыцӕуттӕй феппӕлынц, фӕлӕ, Хуыцауы ’гъдау чи хъахъхъӕны, уыдон сӕ ныхмӕ тох кӕнынц.


де ’взаджы тыххӕй тӕригъӕды куы бахауай, уӕд Хуыцауы минӕвары раз дӕхи ма раст кӕн. Дзырд радтон, фӕлӕ уымӕй фӕрӕдыдтӕн, зӕгъгӕ, ма мӕсты кӕн Хуыцауы, науӕд дын дӕ хъуыддаг фехалдзӕн.


Ацӕуӕд дӕ хуылфы ацы ӕлгъыст дон ӕмӕ дын дӕ гуыбын ныддымсын кӕнӕд, дӕ сывӕр дын федде кӕнӕд“. Ӕмӕ хъуамӕ зӕгъа сылгоймаг: „Аммен! Аммен!“


Исчи уӕ куы не суазӕг кӕна ӕмӕ уын уӕ ныхасмӕ куы нӕ байхъуса, уӕд-иу, уыцы хӕдзарӕй кӕнӕ уыцы сахарӕй рацӕугӕйӕ, ацӕгъдут уӕ къӕхты рыг.


Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ацагътой сӕ къӕхты рыг ӕмӕ ацыдысты Иконимӕ.


Фӕлӕ уыдон йӕ ныхмӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ кӕй фаудтой, уымӕ гӕсгӕ Павел ацагъта йӕ дарӕсы рыг ӕмӕ сын загъта: «Уе сӕфт уӕхи тыххӕй ӕрцӕудзӕн, ӕз сыгъдӕг дӕн ӕмӕ ныр муртаттӕгтӕм цӕуын».


Уымӕн ӕмӕ, ды Хуыцауӕн удӕй куы арфӕ кӕнай, уӕд, ӕвзӕгтӕ ӕмбарынхъом цы адӕймаг нӕу, уый дӕ арфӕйӕн «аммен» куыд зӕгъдзӕн, цы дзурыс, уый куы не ’мбара, уӕд?


Самуел ын загъта: «Гъе афтӕ дӕуӕй дӕр абон Дунедарӕг ратыдта Израилы паддзахад ӕмӕ йӕ радта ӕндӕрӕн, дӕуӕй хуыздӕрӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan