Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 5:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Уыдон загътой: «Фӕстӕмӕ сын сӕ ратдзыстӕм ӕмӕ сӕ ницыуал домдзыстӕм. Ды куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзыстӕм». Уыйадыл сауджынтӕм фӕсидтӕн ӕмӕ сын ард бахӕрын кодтон, афтӕ кӕй бакӕндзысты, уый тыххӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 5:12
15 Iomraidhean Croise  

Ӕмбырды адӕм ӕмхъӕлӕсӕй схор-хор кодтой: «Ды куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзыстӕм,


Езра бавдӕлд ӕмӕ сауджынты, левитты хистӕртӕн ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй ард бахӕрой, ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй бакӕндзысты, уый тыххӕй, ӕмӕ уыдон ард бахордтой.


Иууылдӕр израилӕгты дзырддзӕугӕдӕрты фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты. Ард бахордтой ӕмӕ сомы ракодтой, Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Хуыцауы цагъар Моисейы къухӕй лӕвӕрд чи у, уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕрдзысты, Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, Йе ’гъдӕуттӕ ӕмӕ амындтытӕ иууылдӕр лӕмбынӕг кӕй ӕххӕст кӕндзысты;


сӕ чызджыты ӕцӕгӕлон адӕмтӕм моймӕ кӕй нӕ дӕтдзысты ӕмӕ сын сӕ чызджыты та сӕ фырттӕн кӕй нӕ курдзысты;


ӕцӕгӕлон адӕмтӕ исты уӕй кӕнынмӕ ӕрбаластой сабаты, зӕгъгӕ, уӕд сын дзы сабаты дӕр ӕмӕ бӕрӕгбоны дӕр кӕй не ’лхӕндзысты; цыфӕнды хӕс ма уӕд, ӕвдӕм аз-иу ӕй сӕ хӕсджынӕн кӕй ныббардзысты, стӕй ма — ӕвдӕм аз зӕххӕн улӕфыны фадат кӕй дӕтдзысты, уый тыххӕй.


Уый тыххӕй ӕз семӕ схъаугъа дӕн, ралгъыстон сӕ, кӕйдӕрты дзы нӕмгӕ дӕр ракодтон, сӕ сӕрыхъуынтӕй сӕ фӕралас-балас кодтон ӕмӕ сын загътон, цӕмӕй Хуыцауӕй басомы кӕной, сӕ чызджыты ӕцӕгӕлон адӕмтӕм моймӕ кӕй нал дӕтдзысты, уыдоны чызджыты та сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕн дӕр кӕй нал курдзысты.


Фӕстӕмӕ сын раттут сӕ хуымтӕ, сӕ сӕндӕттӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕсты дыргъдӕттӕ, стӕй сӕ хӕдзӕрттӕ. Фӕстӕмӕ сын раттут, ӕвзисты ӕмӕ хоры, сӕны ӕмӕ сойы ӕфстауы тыххӕй цы уӕлӕфтуантыл бадзырдтат, уыдон дӕр.


Фӕлӕ Йесо ницы дзырдта. Алчер Ын загъта: «Расомы кӕн цардӕгас Хуыцауы раз, раст ныхас нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?»


Закхей та сыстад ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Хицау, мӕ мулкӕн йе ’мбис мӕгуыртӕн байуардзынӕн ӕмӕ, кӕд искӕй хъыджы бацыдтӕн, уӕд ӕй уымӕн та цыппар ахӕмӕй бафиддзынӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan