Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 5:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Фӕстӕмӕ сын раттут сӕ хуымтӕ, сӕ сӕндӕттӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕсты дыргъдӕттӕ, стӕй сӕ хӕдзӕрттӕ. Фӕстӕмӕ сын раттут, ӕвзисты ӕмӕ хоры, сӕны ӕмӕ сойы ӕфстауы тыххӕй цы уӕлӕфтуантыл бадзырдтат, уыдон дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 5:11
9 Iomraidhean Croise  

Йӕ фысӕн та йын хъуамӕ цыппар аргъы бафида, уыцы ми кӕй бакодта ӕмӕ йын кӕй нӕ фӕтӕригъӕд кодта, уый тыххӕй».


Фӕлӕвӕрдтам сын ӕфстау — ӕз дӕр, ме ’фсымӕртӕ дӕр, мӕ кусджытӕ дӕр, ӕмӕ уыцы ӕфстау фӕстӕмӕ мауал бадомӕм.


Уыдон загътой: «Фӕстӕмӕ сын сӕ ратдзыстӕм ӕмӕ сӕ ницыуал домдзыстӕм. Ды куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзыстӕм». Уыйадыл сауджынтӕм фӕсидтӕн ӕмӕ сын ард бахӕрын кодтон, афтӕ кӕй бакӕндзысты, уый тыххӕй.


Мӕнӕ уын, Ӕз цы комдарӕн равзӕрстон, уый: уацайрӕгтӕн сӕ хъадамантӕ ныссӕтт, се ’фсондз сын сис сӕ бӕрзӕйӕ, ӕфхӕрд адӕмӕн ратт сӕрибар ӕмӕ макӕйуал бассӕнд.


Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй! Махӕн нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.


алы мулкӕй йемыдзаг хӕдзӕрттӕ, сымах кӕй нӕ байдзаг кодтат; цъайтӕ, сымах кӕй не скъахтат; сӕндӕттӕ ӕмӕ оливӕ бӕласы къохтӕ, сымах кӕй нӕ ныссагътат. Уым хӕрдзыстут ӕмӕ бафсаддзыстут уӕхи.


Ныр уӕ разы дӕн, ӕмӕ мын Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты раз комкоммӕ зӕгъут: искӕмӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг байстон? Искӕй бастыгътон? Искӕй бафхӕрдтон? Искӕмӕй гӕртам райстон ӕмӕ уыцы гӕртамӕй мӕ цӕстытӕ бакуырм кодтон? Афтӕ кӕд у, уӕд зӕгъут, ӕмӕ уын сӕ бафиддзынӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan