10 Фӕлӕвӕрдтам сын ӕфстау — ӕз дӕр, ме ’фсымӕртӕ дӕр, мӕ кусджытӕ дӕр, ӕмӕ уыцы ӕфстау фӕстӕмӕ мауал бадомӕм.
Ноджы ма нӕхицӕн фӕткыл банымадтам, нӕ Хуыцауы хӕдзар хъуаг цӕмӕй ӕййафа, уыдӕттӕн афӕдз шекелы ӕртыккаг хай дӕттын:
Фӕстӕмӕ сын раттут сӕ хуымтӕ, сӕ сӕндӕттӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕсты дыргъдӕттӕ, стӕй сӕ хӕдзӕрттӕ. Фӕстӕмӕ сын раттут, ӕвзисты ӕмӕ хоры, сӕны ӕмӕ сойы ӕфстауы тыххӕй цы уӕлӕфтуантыл бадзырдтат, уыдон дӕр.
Ныссагъӕс кодтон ӕмӕ азымы ныхӕстӕ ныккалдтон номдзыддӕртӕ ӕмӕ хицӕуттыл. Загътон сын, сымах, зӕгъын, уе ’фсымӕртӕн сӕ хӕс уӕлдайджынтӕй фидын кӕнут. Сӕ ныхмӕ дзӕвгар адӕм ӕрӕмбырд кодтон.
Загътон сын, хорз нӕ кӕнут. Ау, Хуыцауӕй хъуамӕ ма тӕрсат? Цӕмӕй нын иннӕ адӕмтӕ, не знӕгтӕ, фидис ма кӕной.
Дунедарӕг! Ды — мӕ исбон, мӕ хъысмӕт. Дӕ къухы ис мӕ фидӕн.
Мӕнӕ уын, Ӕз цы комдарӕн равзӕрстон, уый: уацайрӕгтӕн сӕ хъадамантӕ ныссӕтт, се ’фсондз сын сис сӕ бӕрзӕйӕ, ӕфхӕрд адӕмӕн ратт сӕрибар ӕмӕ макӕйуал бассӕнд.
пайдайы охыл ӕфстау куы дӕтта, уӕд ахӕм куыд хъуамӕ баззайа цӕргӕйӕ? Нӕ, уымӕн нӕй фӕцӕрӕн. Ахӕм ӕлгъаг митӕ чи кӕны, уый ӕнӕмӕнг амӕлдзӕн ӕмӕ йӕ мӕлӕты аххосджын уыдзӕн йӕхӕдӕг.
чи никӕй ӕфхӕры, йӕ хӕсджынӕн йӕ цъынды фӕстӕмӕ чи ратты, чи никӕй стигъы, йӕ къӕбӕрӕй ӕххормагӕн чи бахай кӕны ӕмӕ бӕгънӕгыл дарӕс чи скӕны,
пайда райсыны охыл ӕфстау чи нӕ ратты, фӕлывд ми бакӕнынӕй йӕхи чи хизы ӕмӕ дыууӕ адӕймаджы ’хсӕн раст тӕрхон чи хӕссы,
Додойаг сты, фыдвӕндтӕ чи кӕны, хуыссӕны дӕр фыдбылызтӕ чи мысы ӕмӕ, боныцъӕхтӕ нӕма ралӕууынц, афтӕмӕй сӕ хъаруйы фӕрцы фыдракӕндтӕ чи аразы, уыдон!
Мах зонӕм Бардарӕджы тас ӕмӕ ӕууӕндын кӕнӕм адӕмы. Цы стӕм, уый Хуыцауӕн зындгонд у; афтӕ ӕнхъӕл дӕн, ӕмӕ сымах дӕр мах тыххӕй алцыдӕр зонут.
Уӕдӕ Чырыстийы минӕвӕрттӕ стӕм мах ӕмӕ, цыма Хуыцау Йӕхӕдӕг зӕгъы нӕ дзыхӕй, уыйау Чырыстийы номӕй курӕм сымахӕй: бафидаут Хуыцауимӕ.
Мах, Хуыцауы ӕмкусджытӕ, курӕм сымахӕй: Хуыцау уӕ цы хорзӕхӕй схайджын кодта, уый уын дзӕгъӕлы ма фӕуӕд.
Ома хӕс куы раттай, уӕд ӕй, Дунедарӕджы хатырӕй, де ’фсымӕрӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искӕмӕй дӕр фӕстӕмӕ мауал бацагур.