1 Уыцы рӕстӕг нӕ адӕм ӕмӕ сӕ устытӕ тынг схӕрам сты се ’фсымӕр иудейӕгтӕм.
Нӕ ластам нӕ дарӕс нӕдӕр мӕхӕдӕг, нӕдӕр ме ’фсымӕртӕ, нӕдӕр мӕ лӕггадгӕнджытӕ, нӕдӕр мӕ хъахъхъӕнджытӕ. Алчидӕр нӕ рахизӕрдыгӕй йӕ фарсмӕ цӕттӕйӕ дардта йӕ цирхъ, алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ цуры уыди дон.
Сыхъуысти Йӕм мӕгуырты ӕрдиаг, Уый фехъуыста ӕфхӕрд адӕмы уынӕргъын.
Дунедарӕг загъта: «Ӕз уынын Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры. Хъусын, ӕххуысмӕ куыд дзыназынц, уый, — цӕстдарджытӕ сӕ ’фхӕрынц ӕнӕвгъау. Ӕз зонын, мӕ адӕмӕн сӕ хъару кӕй басаст,
Израилы адӕм — Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕндон; Йӕ уарзон талатӕ — иудейӕгтӕ. Уый Раст тӕрхон агуырдта Йӕ адӕмӕй, фӕлӕ туг ныууарыди, рӕстдзинад сӕ домдта, фӕлӕ Йӕм мӕнӕ фӕдисхъӕр хъуысы.
Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас. Уыцы заман паддзах Цедекиа Йерусалимы ӕппӕт цӕрджытимӕ сфидар кодта фидыд, цӕмӕй сӕ цагъарты ссӕрибар кӕной.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕгъгъӕд уын уӕд, Израилы адӕмы фӕтӕгтӕ! Мауал тых кӕнут, мауал ссӕндут, раст тӕрхон хӕссут! Мӕ адӕмы Мын мауал сурут сӕ зӕххӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —
Ӕмӕ ма ноджы мӕнӕ цытӕ кӕнут: Дунедарӕджы нывондхӕссӕны раз кӕут ӕмӕ дзыназут, Дунедарӕг уын уӕ нывӕндтӕм кӕй не ’ркӕсы ӕмӕ сӕ кӕй нал айсы, уый тыххӕй.
Ау, уӕдӕ уӕд Хуыцау, ӕхсӕвӕй-бонӕй Йын чи лӕгъстӕ кӕны, Йӕ уыцы ӕвзӕрстыты нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ӕви? Мыййаг, Йе ’ххуысимӕ бафӕстиат уыдзӕн?
Дыккаг бон дзуттӕгты кӕрӕдзийы нӕмгӕ куы федта, уӕд сӕм бацыд ӕмӕ сӕ фидауын кодта: „Ӕфсымӕртӕ куы стут, кӕрӕдзийы хъыджы цӕмӕн цӕут?“
Уӕ хуымтӕ уын чи ныккарста, уыцы кусджыты мызд уӕхи бакодтат, ӕмӕ уыдон ӕрдиаг кӕнынц хъӕлӕсыдзагӕй. Уыцы хуымгӕрдджыты хъаст сыхъуысти Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ.