8 Баныхас кодтой иууылдӕр иумӕ, Йерусалимы ныхмӕ схӕцӕм ӕмӕ сӕ ныкъкъуылымпы кӕнӕм, зӕгъгӕ.
Фидар лӕуу! Махӕн нӕ хӕс у нӕ адӕмы ӕмӕ нӕ Хуыцауы сахарты сӕраппонд схӕцын ӕмӕ, Дунедарӕг цы зӕгъа, уый уӕд».
«Фидар лӕуут ӕмӕ ӕхсарджын ут! Ма тӕрсут ассириаг паддзахӕй, йе стыр ӕфсадӕй! Уымӕн ӕмӕ, махӕн цы тых ӕххуыс кӕны, уый уыдоны хъомысӕй тыхджындӕр у.
Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, цытджын ӕмӕ тасӕфтауӕг, фидыд зӕрдыл дарӕг, чи Йӕ уарзы ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн фарн дӕттӕг Хуыцау!
Санбаллат ӕмӕ Тобиа, араббӕгтӕ, аммонӕгтӕ ӕмӕ ашдодӕгтӕ куы фехъуыстой, Йерусалимы къултӕ ногӕй аразӕм, сӕ къахыртӕ сын ӕхгӕнӕм, уӕд мӕстӕй ссыгъдысты.
Мӕ алыварс хъуыстон цъыфкалӕн ныхӕстӕ, алырдыгӕй — ӕртхъирӕнтӕ: «Бахъаст ыл кӕнут! Цӕй ӕмӕ йӕ банымудзӕм!» Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕн, уыдон ныр, кӕд фӕкӕлдзынӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц: «Кӕд истӕмӕй фӕрӕдиид — уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм ӕмӕ дзы нӕ маст райсдзыстӕм».
Байхъус ӕмӕ бамбар: Йерусалимы сахар ногӕй саразыны бардзырд куы рацӕуа, уыцы заманӕй Байсӕрст Фӕтӕджы онг рацӕудзӕни авд хатты ӕвдгай азтӕ ӕмӕ авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы. Уый фӕстӕ сахары уынгтӕ арӕзт ӕрцӕудзысты, фӕлӕ рӕстӕг уыдзӕни тынг уӕззау.
Ӕз уын загътон: „Ма сӕ тӕрсут, тасы уӕ ма ’фтауӕнт!