6 Цыфӕндыйӕ дӕр мах куыстам ӕмӕ нӕ къул ӕрдӕгмӕ фестӕм, ӕмӕ дарддӕр кусынмӕ дӕр адӕм цӕттӕ сты.
Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ адӕм, цӕмӕй ахӕм мысайнӕгтӕ нӕхи хъомысӕй дӕттӕм? Дӕ лӕвар у алцыдӕр, ӕмӕ, Дӕ къухӕй цы райстам, уый Дын радтам фӕстӕмӕ.
Ис ма мӕм мӕхи сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист дӕр, ӕмӕ мӕ Хуыцауы хӕдзар кӕй уарзын, уый тыххӕй сӕ дӕттын, ацы сыгъдӕг хӕдзарӕн цы ӕрцӕттӕ кодтон, ӕппӕт уыдӕтты уӕле:
Езекиа ӕмӕ ӕгас дзыллӕ цин кодтой, Хуыцау сӕ кӕй фӕфидар кодта, ууыл, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ конд ӕрцыдысты тынг цыбыр рӕстӕгмӕ.
Се ’наккаг митӕ сын ма ныббар, аразджыты тӕригъӕд сын ма ныххатыр кӕн!
Санбаллат ӕмӕ Тобиа, араббӕгтӕ, аммонӕгтӕ ӕмӕ ашдодӕгтӕ куы фехъуыстой, Йерусалимы къултӕ ногӕй аразӕм, сӕ къахыртӕ сын ӕхгӕнӕм, уӕд мӕстӕй ссыгъдысты.
Къул срӕвдз ис дыууадӕс ӕмӕ дыууиссӕдз бонмӕ, елулы мӕйы дыууын фӕндзӕм бон.
Йӕ хъуыддӕгтӕ — стыр ӕмӕ рӕсугъд, Йӕ рӕстад у ӕнусон.
Батӕригъӕд нын кӕн, Дунедарӕг, батӕригъӕд нын кӕн! Фаг нын фӕуӕд не ’фхӕрд,
Дунедарӕг сразӕнгард кодта Шеалтиелы фырт Зоровавелы — Иудейы бӕстыхицауы, алчер Йешуайы — Иоцадакы фырты, стӕй иннӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ райдыдтой кусын Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, сӕ Хуыцауы, Кувӕндоны.
уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг кусы уӕ зӕрдӕты — фӕндон Ын чи у, уӕ уыцы бӕллицтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ Уымӕй рацӕуынц.
сымах схайджын кӕнӕд алы хорзӕхӕй дӕр, Йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕнат, афтӕ. Уадз ӕмӕ Хуыцау Йесо Чырыстийы фӕрцы, фӕндон Ын цы у, уый сараза нӕ мидӕг. Чырыстийӕн кад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.