5 Се ’наккаг митӕ сын ма ныббар, аразджыты тӕригъӕд сын ма ныххатыр кӕн!
Ныр фӕллад, зӕрдӕсаст уыдзӕн, ӕмӕ йыл ӕз мӕхи ныццӕвдзынӕн. Фӕтӕрсын ӕй кӕндзынӕн, йӕ адӕм лидзӕг фӕуыдзысты, паддзах иунӕгӕй аззайдзӕн ӕмӕ йӕ амардзынӕн.
Цыфӕндыйӕ дӕр мах куыстам ӕмӕ нӕ къул ӕрдӕгмӕ фестӕм, ӕмӕ дарддӕр кусынмӕ дӕр адӕм цӕттӕ сты.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды зондамонӕн псалом.
«Ацы адӕймагӕн йӕ ныфс Хуыцау нӕ уыди, йӕ зӕрдӕ дардта йӕ бирӕ мулкыл, йӕ фыдракӕндты фӕрцы схъӕздыг ис».
Ӕрзоныг кодтой, фегад сты — Ды сын нӕ ныббардзынӕ.
Фӕлӕ уын Ӕз Мӕхи сӕраппонд барын уӕ фыдракӕндтӕ, уӕ тӕригъӕдтӕ уын нӕ бадардзынӕн уӕ цӕстмӕ.
Мигъау уын ӕрбайсӕфтон уӕ азымтӕ, ӕврагъау — уӕ тӕригъӕдтӕ. Раздӕхут Мӕм — Ӕз уӕ Ирвӕзынгӕнӕг дӕн».
О Дунедарӕг, Ды зоныс бӕлвырд: мӕ фесафынӕн аразынц фыдвӕндтӕ. О, ма сын сис сӕ фыдракӕндты азым, сӕ тӕригъӕдтӕ сын макуы ныббар! Уадз ӕмӕ бабын уой Дӕ разы, фесаф сӕ Дӕ масты бон!
Сӕ фыдракӕндтӕм сын ӕркӕс, ӕгъатырӕй сӕ бафхӕр, мӕнӕн куыд нӕ ныббарстай, афтӕ! Уӕ, не ’нцайы мӕ хъӕрзын! Уӕ, байсысти мӕ туг!
Бирӕ фыдбылызтӕ мын сарӕзта ӕрхуыгуырд Александр. Бардарӕг ын бафиддзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.