3 Аммонаг Тобиа дӕр йӕ цуры уыд ӕмӕ йын загъта: «Уадз ӕмӕ аразой: рувас ыл куы ауайа, уӕд дӕр ӕркӕлдзӕн сӕ дурӕй амад къул».
Уӕд та Бен-Хадад ногӕй ӕрбарвыста Ахавмӕ, цӕмӕй йын зӕгъой: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕнт хуыцӕуттӕ, мӕ фӕдыл цы адӕм рацыд, уыдонмӕ Самарийы пырхӕнтӕй фӕйнӕ армыдзаджы куы ӕрхауа, уӕд».
Уӕд бардзырд радта: «Кӕд фидауынмӕ рацыдысты, уӕд сӕ уацары райсут, кӕд хӕстӕргомӕй рацыдысты, уӕддӕр сӕ уацары райсут».
Гъемӕ уӕдӕ ме ’лдаримӕ, Ассирийы паддзахимӕ, бафидау, ӕмӕ дын уый ратдзӕни дыууӕ мин бӕхы, кӕд сын барджытӕ ссардзынӕ, уӕд.
Ацы хабӕрттӕ хоронаг Санбаллат, Самарийы бӕстыхицау, ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, куы фехъуыстой, уӕд сын тынг фӕхъыг, израилӕгтӕн, чи сыл ауда, ахӕм чидӕр кӕй фӕзынди, уый.
Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ ныл хоронаг Санбаллат ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, стӕй араббаг Гешем былысчъилӕй худтысты: «Цы митӕ кӕнут, цымӕ? Мыййаг уӕм паддзахы ныхмӕ сызмӕнтыны зонд нӕ фӕзынди?»
Санбаллат ӕмӕ Тобиа, араббаг Гешем ӕмӕ нӕ иннӕ фыдгултӕ куы фехъуыстой, ӕз къул амад фӕдӕн ӕмӕ дзы къахыртӕ нал ис, уӕвгӕ уӕдмӕ кулдуӕрттӕ ӕмӕ сӕ хӕйттӕ рӕвдз нӕма уыдысты,
О, сафтид ис Сионы хох, хъӕддаг куыйтӕ йыл зилынц!
Аммонӕгтӕ ӕмӕ моавӕгтӕн никуы уыдзӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн, суанг сӕ байзӕддӕгты дӕс фӕлтӕры кӕрӕдзийы куы аивой, уӕд дӕр,