Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 4:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Нӕ ластам нӕ дарӕс нӕдӕр мӕхӕдӕг, нӕдӕр ме ’фсымӕртӕ, нӕдӕр мӕ лӕггадгӕнджытӕ, нӕдӕр мӕ хъахъхъӕнджытӕ. Алчидӕр нӕ рахизӕрдыгӕй йӕ фарсмӕ цӕттӕйӕ дардта йӕ цирхъ, алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ цуры уыди дон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 4:23
8 Iomraidhean Croise  

Ноджыдӕр ма уыди уыцы рӕстӕг мӕ ныхас адӕмӕн: «Йерусалимы уӕ алчидӕр ӕхсӕвиуат кӕнӕд йӕ лӕггадгӕнджытимӕ: уыдон нын ӕхсӕв хъахъхъӕнӕг уыдзысты, бон та кусгӕ кӕндзысты».


Уыцы рӕстӕг нӕ адӕм ӕмӕ сӕ устытӕ тынг схӕрам сты се ’фсымӕр иудейӕгтӕм.


Уыимӕ ӕз ацы къул аразынӕн дӕр ӕххуыс кодтон, уӕдӕ ӕлхӕнгӕ дӕр никӕй хуымтӕ кодтам. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр иууылдӕр уым куыстой.


Ме ’фсымӕр Ханани ӕмӕ фидары хицау Хананиайы (Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, ахӕм ӕууӕнкджын лӕджы) Йерусалимы сӕргъы сӕвӕрдтон.


Кӕрӕдзийы нӕ хъыгдарынц, алкӕмӕн дӕр дзы ис йӕхи фӕндаг. Ӕрцытӕ сыл ӕхсынц, фӕлӕ сӕ ничи бауромдзӕн.


Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.


Цъайты цурӕй хъуысынц фыййӕуты хъӕлӕстӕ, зарӕджы стауынц Дунедарӕджы уӕлахизтӕ — Израилы фӕтӕгты уӕлахизтӕ куы стауынц! Дунедарӕджы адӕм кулдуары раз ӕрлӕууыдысты!


Уӕд Авимелех йӕ адӕмы фӕрӕттимӕ Цалмоны хохы цурмӕ ӕрбакодта, йӕ фӕрӕтӕй бӕласы къалиутӕ ӕрцагъта, йе ’ккоймӕ сӕ систа ӕмӕ йӕ хӕстонтӕн бардзырд радта: «Рӕвдздӕр! Сымах дӕр мӕн бафӕзмут!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan