Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 4:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ самариаг ӕфсӕддонты раз: «Цы архайынц ацы ницӕйаг иудейӕгтӕ? Ау, ахӕм бар сын ратдзысты, ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссой? Ау, сӕ куыст искуы кӕронмӕ фӕуыдзысты? Ау, дуртӕ, чи ныртхутӕг, уыцы сыгъд дуртӕ ныхъхъӕбӕр уыдзысты?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 4:2
17 Iomraidhean Croise  

Уыйадыл уымы адӕм иудейӕгты размӕ цӕлхдуртӕ ӕвӕрын райдыдтой, тӕрсын сӕ кодтой ӕмӕ сын сӕ арӕзтад къуылымпы кодтой.


Йерусалимы сис срухс кӕныны рӕстӕг левиттӕм фӕсидтысты ӕмӕ сӕ Йерусалиммӕ ’рбацӕуын кодтой сӕ цӕрӕн бынӕттӕй, цӕмӕй, Дунедарӕгӕн кад кӕнгӕйӕ, скувой ӕмӕ хъӕлдзӕг бӕрӕгбон скӕной зард ӕмӕ далатӕ, дыууадӕстӕнонты, хъисфӕндырты цагъдимӕ.


Уыцы бон бирӕ нывӕндтӕ ӕрхастой ӕмӕ хъӕлдзӕг уыдысты, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау стыр цин ӕрхаста. Сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сабитӕ дӕр хъӕлдзӕг уыдысты. Йерусалимы цины хъӕртӕ дардмӕ хъуыстысты.


Иудейӕгтӕ бустӕ кодтой: «Уаргъхӕсджытӕн сӕ хъару басасти, быронӕн та ныккӕнӕн дӕр нӕй; къул саразынӕн не стӕм мах».


Къул срӕвдз ис дыууадӕс ӕмӕ дыууиссӕдз бонмӕ, елулы мӕйы дыууын фӕндзӕм бон.


Дӕ нывондхӕссӕнты алыварс суанг сырддонцъиутӕ ӕмӕ зӕрватыччытӕ дӕр сӕ лӕппынтӕн ахстӕттӕ куы аразынц, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, мӕ Паддзах ӕмӕ мӕ Хуыцау!


«Иудейы паддзах Езекиайы заман пехуымпариуӕг кодта Морешетаг Миха. Уый ӕппӕт иудейӕгтӕн дзырдта: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, ацы Кувӕндон цы хохыл арӕзт ӕрцыд, уый та фестдзӕнис хъӕд“.


«Ацы адӕм цы ныхӕстӕ кӕнынц, уый нӕ хъусыс? Уыдон дзурынц: „Дунедарӕг цы дыууӕ хӕдзарвӕндаджы равзӕрста, уыдонӕй Йе ’ргом аздӕхта“. Уымӕ гӕсгӕ Мӕ адӕмыл ӕлгъ кӕнынц ӕмӕ сӕ цӕсты адӕмыл нымад дӕр нал сты».


Байхъус ӕмӕ бамбар: Йерусалимы сахар ногӕй саразыны бардзырд куы рацӕуа, уыцы заманӕй Байсӕрст Фӕтӕджы онг рацӕудзӕни авд хатты ӕвдгай азтӕ ӕмӕ авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы. Уый фӕстӕ сахары уынгтӕ арӕзт ӕрцӕудзысты, фӕлӕ рӕстӕг уыдзӕни тынг уӕззау.


О Дунедарӕг! Дӕ кады кой Дын фехъуыстон, Дӕ хъуыддӕгтӕ мӕ тасы бафтауынц. Дунедарӕг! Нӕ заманы сӕ ногӕй равдис! О, мӕстӕй судзгӕйӕ, Дӕ хорзӕх дӕр ӕрымыс!


Уыцы бон Дунедарӕг Йерусалимы цӕрджытӕн сӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, сӕ лӕмӕгъдӕр Давидау стыхджын уыдзӕн. Давиды хӕдзар та, йӕ разӕй чи цӕуы, уыцы Хуыцауы, Дунедарӕджы зӕды ӕнгӕс суыдзӕни.


Ацы хъуыддагмӕ йӕ райдианы сӕрбӕрзондӕй чи касти, уыдон дӕр ныццин кӕндзысты, Зоровавелы къухы аразӕн дур куы феной, уӕд. Ацы авд цырагъы сты Дунедарӕджы авд цӕсты, уыдон фӕлгӕсынц ӕгас зӕххыл».


Фӕлӕ Хуыцау сӕвзӕрста, дунейы цӕсты ӕдылы чи у, уыдоны, цӕмӕй фӕкъӕмдзӕстыг кӕна зондджынты, ӕмӕ лӕмӕгъты — цӕмӕй фӕкъӕмдзӕстыг кӕна тыхджынты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan