19 Ӕз загътон номдзыддӕртӕ ӕмӕ хицӕуттӕн, стӕй иннӕ адӕмӕн: «Куыст тынг хъазуат ӕмӕ дзӕвгар у. Къулыл ныххӕлиу стӕм, кӕрӕдзийӕ — дӕрддзӕф.
Аразджытӕй алкӕмӕн дӕр йӕ кард баст уыди йӕ астӕуыл, афтӕмӕй куыстой. Мӕ цуры та лӕууыд хӕтӕлӕйуасӕг.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ хъус дарут, ӕмӕ уӕм хӕтӕлы уаст кӕцӕй фехъуыса, уырдӕм-иу ӕвӕстиатӕй ӕрбамбырд ут. Нӕ Хуыцау нӕ бӕсты тох кӕндзӕни».