Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 4:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Не знӕгтӕ куы фехъуыстой, сӕ фӕнд нын зындгонд у, уый, уӕд сын Хуыцау сӕ фыдвӕндтӕ сӕ хъуыры фӕбадын кодта, махӕй та алчидӕр фӕстӕмӕ къул аразынмӕ бавнӕлдта, йӕ куысты сӕр ӕрлӕууыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 4:15
13 Iomraidhean Croise  

Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд: «Ахитофел дӕр Авессаломимӕ ис, сусӕгвӕндгӕнджыты къорды». Давид загъта: «О Дунедарӕг! Ахитофелы уынаффӕ фехал».


Уӕд Авессалом ӕмӕ израилӕгтӕ ӕмхуызонӕй загътой: «Аркаг Хушайы уынаффӕ Ахитофелы уынаффӕйӕ хуыздӕр у». Дунедарӕг афтӕ бакодта, цӕмӕй Ахитофелы хорз уынаффӕйы фӕдыл ма ацӕуой, ӕмӕ Авессалом бӕллӕхы бахауа.


Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ мӕ кусджыты иу ӕмбис кусгӕ кодта, иннӕ ӕмбис та ӕд ӕрцытӕ, ӕд уартытӕ ӕмӕ ӕд ӕрдынтӕ, сӕ уӕлӕ уыди згъӕрхӕдӕттӕ, афтӕмӕй лӕууыдысты. Ӕфсадхонтӕ дӕр ӕмбырдӕй уыдысты Иудӕйы хӕдзары фӕскъул.


Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр Дунедарӕджы раз ницы сты.


Мӕнгпехуымпарты Ӕз багӕды кӕнын, дӕсныфӕрсджытӕй ӕдылытӕ аразын, куырыхонтӕн сӕ зонд сафын.


Сымах алы фӕндтӕ нывӕндут, фӕлӕ уын фехӕлдзысты, уӕ иу ныхас дӕр нӕ сӕххӕст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау немӕ ис!


Цӕвиттон, иу лӕг цыди балцы ӕмӕ йӕ хӕдзар йӕ цагъарты бар ныууагъта, алкӕмӕн дӕр дзы бӕлвырд хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ дуаргӕсӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй къӕрцхъус уа.


Зӕрдиагӕй лӕггад кӕнут Хуыцауӕн, уӕ удӕй арт цӕгъдут.


Зӕрдиагӕй тырнут ӕнӕзӕрдӕхудт цардӕй цӕрынмӕ; алчидӕр аразӕд йӕ хъуыддаг ӕмӕ архайӕд йӕхи хъаруйӕ, мах уын куыд фӕдзӕхстам, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan