Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 4:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Ӕркастӕн сӕм ӕмӕ сын сӕ номдзыддӕртӕн ӕмӕ сӕ хицӕуттӕн, стӕй иннӕ адӕмӕн загътон: «Ма тӕрсут фыдгулӕй! Рох уӕ ма уӕд цытджын ӕмӕ тасӕфтауӕг Дунедарӕг, афтӕмӕй схӕцут уе ’фсымӕртӕ, уӕ лӕппутӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ устытӕ ӕмӕ уӕ хӕдзӕртты сӕраппонд!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 4:14
34 Iomraidhean Croise  

Фидар лӕуу! Махӕн нӕ хӕс у нӕ адӕмы ӕмӕ нӕ Хуыцауы сахарты сӕраппонд схӕцын ӕмӕ, Дунедарӕг цы зӕгъа, уый уӕд».


«Фидар лӕуут ӕмӕ ӕхсарджын ут! Ма тӕрсут ассириаг паддзахӕй, йе стыр ӕфсадӕй! Уымӕн ӕмӕ, махӕн цы тых ӕххуыс кӕны, уый уыдоны хъомысӕй тыхджындӕр у.


Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, цытджын ӕмӕ тасӕфтауӕг, фидыд зӕрдыл дарӕг, чи Йӕ уарзы ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн фарн дӕттӕг Хуыцау!


Цӕгатӕй фӕзыны сыгъзӕрин цӕхӕр — Хуыцауы диссаджы рӕсугъддзинад тасы ӕфтауы!


О Дунедарӕг, ӕркъул кӕн уӕлӕрвтӕ ӕмӕ ӕрхиз дӕлӕмӕ; бандзӕв хӕхтыл, ӕмӕ сӕ фӕздӕг скӕла.


Арфӕгонд у Дӕуӕй ӕнусмӕ, Дӕ цӕсгомы рухсӕй райы йӕ зӕрдӕ.


Давиды псалом. Дӕумӕ дзыназын, Дунедарӕг, мӕ Къӕдзӕх! Ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз! Ды ӕдзӕмӕй куы баззайай, уӕд мыл мӕрдон хуыз бафтдзӕни.


Ӕркӕсут-ма, Хуыцау цы сарӕзта, уымӕ: Йӕ хъуыддӕгтӕ тасы ӕфтауынц адӕмы.


цӕмӕй зӕххы цъары ӕппӕт адӕмтӕн раргом уа Дӕ фӕндаг, Дӕ ирвӕзындзинад.


Дзыллӕтӕ цин кӕнӕнт ӕмӕ райӕнт: Ды адӕмтӕн кӕныс ӕнӕхӕрам тӕрхон, раст фӕндаг амоныс дзыллӕтӕн.


Ӕрсабыр ут! Уӕ бӕсты Дунедарӕг хӕцы семӕ!»


Афтӕ сын бакодта, ӕмӕ сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ фӕтахтысты, мысырӕгтӕн размӕ цӕуын нал ӕнтыст. Загътой: «Лидзгӕ нын у израилӕгтӕй — сӕ сӕрыл Дунедарӕг растад нӕ ныхмӕ».


Ӕвзонджы бонтӕй ма рох кӕн, Сфӕлдисӕгимӕ дӕ сӕмбӕлын кӕй хъӕуы, уый, науӕд фидӕны фӕсмон кӕндзынӕ ӕмӕ дзурдзынӕ: «Бафӕлладтӕн цардӕй!»


Фидыдыл гадзрахатӕй чи рацӕуа, уыдоны паддзах козбау миты фӕрцы фӕсайдзӕн, фӕлӕ, йӕ Хуыцауы чи нӕ ферох кодта, уыдон ӕхсарджынӕй йӕ ныхмӕ тох кӕндзысты.


Уӕд Дунедарӕг уыцы адӕмты ныхмӕ сыстдзӕни, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ.


Ӕрмӕст Дунедарӕджы ныхмӕ ма змӕнтут! Уымы адӕмӕй та ма тӕрсут — басӕтдзыстӕм сӕ. Уыдонӕн армдарӕг нал ис, махӕн та Дунедарӕг немӕ ис. Ма сӕ тӕрсут!»


Ма тӕрсут, буар чи мары, фӕлӕ уд амарын кӕй бон нӕу, уыдонӕй. Тӕрсут, уд дӕр ӕмӕ буар дӕр зындоны фесафын Кӕй бон у, Уымӕй.


Кӕсут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн дӕтты ацы бӕстӕ. Цӕут ӕмӕ йӕ уӕхи бакӕнут, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау сымахӕн куыд загъта, афтӕ. Ма тӕрсут, ма фӕтасут!“


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, хуыцӕутты Хуыцау у, хицӕутты Хицау; хъулон ми Чи нӕ зоны ӕмӕ гӕртам Чи нӕ исы, уыцы хъомысджын ӕмӕ тасӕфтауӕг стыр Хуыцау.


Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй зӕгъӕм: «Бардарӕг мын у ӕххуысгӕнӕг, ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?»


Фӕдзӕхсын дын: фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс — цыдӕриддӕр аразай, уым демӕ уыдзӕни Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».


Ефремы хӕхтӕм ссыди ӕмӕ сыкъайӕ ныууасыд. Израилӕгты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ, ӕфсады разӕй йӕхӕдӕг, афтӕмӕй хӕхтӕй ӕрцыд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan