Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 4:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Уӕд ӕз, систӕ ӕрдӕгамад кӕм уыдысты, уымыты адӕмы ӕрлӕууын кодтон мыггаггай, цирхъытӕ, ӕрцытӕ ӕмӕ ӕрдынтимӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 4:13
10 Iomraidhean Croise  

Сӕ фарсмӕ цӕрӕг иудейӕгтӕ нӕм алы рӕттӕй иу-дӕс хатты ӕрбацыдысты ӕмӕ нын загътой, кӕцырдыгӕйты нӕм лӕбурынвӕнд кӕнынц, уый.


Фӕлӕ сӕм ӕз арвыстон, стыр хъуыддаджы лӕуд дӕн ӕмӕ мӕ цӕуынмӕ нӕ равдӕлдзӕн, зӕгъгӕ. Куы йӕ, зӕгъын, ныууадзон ӕмӕ сымахмӕ куы ацӕуон, уӕд бакъуылымпы уыдзӕни.


Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмбал кӕм ис? Йӕ паддзахы бадӕн бӕрзонд у,


Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.


Ӕфсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕттӕ ма ут. Фыдбылыз саразынмӕ ут сабитӕ, зондӕй та — хъомылтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan