Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 4:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Нӕ фыдгултӕ та дзырдтой: «Ӕвиппайды се ’хсӕн куыд февзӕрдзыстӕм, куыд сӕ ныццӕгъддзыстӕм ӕмӕ хъуыддаг куыд ӕрбайхалдзыстӕм, уый уыдон зонгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 4:11
10 Iomraidhean Croise  

Ныр фӕллад, зӕрдӕсаст уыдзӕн, ӕмӕ йыл ӕз мӕхи ныццӕвдзынӕн. Фӕтӕрсын ӕй кӕндзынӕн, йӕ адӕм лидзӕг фӕуыдзысты, паддзах иунӕгӕй аззайдзӕн ӕмӕ йӕ амардзынӕн.


Иудейӕгтӕ бустӕ кодтой: «Уаргъхӕсджытӕн сӕ хъару басасти, быронӕн та ныккӕнӕн дӕр нӕй; къул саразынӕн не стӕм мах».


Сӕ фарсмӕ цӕрӕг иудейӕгтӕ нӕм алы рӕттӕй иу-дӕс хатты ӕрбацыдысты ӕмӕ нын загътой, кӕцырдыгӕйты нӕм лӕбурынвӕнд кӕнынц, уый.


Мах нӕ Хуыцаумӕ куывтам, ӕхсӕвӕй-бонӕй хӕстифтонгӕй лӕууыдыстӕм, цӕмӕй фыдгулӕй нӕхи бахъахъхъӕнӕм.


О Хуыцау, арвӕй бӕрзонддӕр уӕд Дӕ кад, тӕмӕнтӕ калӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ!


Фӕлӕ фыдбылызы амӕттаг бауыдзынӕ. Зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакӕндзынӕ, кӕцӕй дӕм фӕзындзӕн, уый. Дӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй, ахӕм бӕллӕх дыл ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы.


Куы сбон ис, уӕд иудейӕгтӕй иуӕй-иутӕ сусӕгӕй баныхас кодтой ӕмӕ ард бахордтой, цалынмӕ Павелы амарой, уӕдмӕ хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр кӕй нӕ бакӕндзысты.


Фӕлӕ ды ма бакӕс сӕ коммӕ, уымӕн ӕмӕ дыууиссӕдз адӕймагӕй фылдӕр йӕ размӕ бабадтысты. Ард бахордтой, цалынмӕ йӕ амарой, уӕдмӕ хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр кӕй нӕ бакӕндзысты. Ныридӕгӕн цӕттӕ сты, сӕ каст ма дӕ бардзырдмӕ у».


Хуыснӕг ӕхсӕвы ӕнӕнхъӕлӕджы куыд фӕзыны, Бардарӕджы ’рцыды бон дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, уый уӕхӕдӕг дӕр бӕлвырдӕй зонут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan