Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 4:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Иудейӕгтӕ бустӕ кодтой: «Уаргъхӕсджытӕн сӕ хъару басасти, быронӕн та ныккӕнӕн дӕр нӕй; къул саразынӕн не стӕм мах».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 4:10
10 Iomraidhean Croise  

Уыдонӕй Соломон ӕвдай мин лӕджы бафтыдта ӕргъӕмттӕ хӕссыныл, ӕстай мины — къӕдзӕхты дуртӕ фадыныл, ӕртӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы та сын сӕвӕрдта цӕстдарджытӕй, цӕмӕй сӕ куыстмӕ разӕнгард кӕной.


уыдон та сӕ цӕст дардтой уӕргътӕ хӕсджытӕм, стӕй, алы ӕндӕр куыст чи кодта, уыдонмӕ. Левиттӕй иуӕй-иутӕ уыдысты нымӕрдартӕ, цӕстдарджытӕ ӕмӕ дуаргӕстӕ.


Нӕ фыдгултӕ та дзырдтой: «Ӕвиппайды се ’хсӕн куыд февзӕрдзыстӕм, куыд сӕ ныццӕгъддзыстӕм ӕмӕ хъуыддаг куыд ӕрбайхалдзыстӕм, уый уыдон зонгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты».


йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ самариаг ӕфсӕддонты раз: «Цы архайынц ацы ницӕйаг иудейӕгтӕ? Ау, ахӕм бар сын ратдзысты, ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссой? Ау, сӕ куыст искуы кӕронмӕ фӕуыдзысты? Ау, дуртӕ, чи ныртхутӕг, уыцы сыгъд дуртӕ ныхъхъӕбӕр уыдзысты?»


Мах нӕ Хуыцаумӕ куывтам, ӕхсӕвӕй-бонӕй хӕстифтонгӕй лӕууыдыстӕм, цӕмӕй фыдгулӕй нӕхи бахъахъхъӕнӕм.


«Адӕймаджы фырт! Вавилоны паддзах Навуходоносор Тиры сахарыл куы ӕртыхст, уӕд тынг бакусын кодта йе ’фсадӕн. Фыргуыстӕй сӕ сӕртӕ сцӕгӕр сты ӕмӕ сӕ уӕхсчытӕ стугӕрхӕмттӕ сты. Фӕлӕ Навуходоносор Тиры ныхмӕ цы хъазуатон куыст бакодта, уый тыххӕй нӕдӕр йӕхӕдӕг райста хӕрзиуӕг, нӕдӕр йе ’фсад.


Дунедарӕг пехуымпар Аггейӕн загъта: — Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы адӕм дзурынц, Дунедарӕджы хӕдзар аразынӕн афон нӕма у, зӕгъгӕ.


Моисейы алыварс цы адӕм уыд, уыдоны Калев разӕнгард кодта: «Цом ӕмӕ нӕхи бакӕнӕм уыцы бӕстӕ! Фӕтых сыл уыдзыстӕм!»


Ешколы дӕлвӕзмӕ бахӕццӕ сты, бӕстӕ федтой ӕмӕ израилӕгты сардыдтой, цӕмӕй, Дунедарӕг сын цы бӕстӕ радта, уырдӕм ма ацӕуой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan