Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 3:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Къулы иннӕ хай амадта Хархаиайы фырт, зӕрингуырд Уззиел, йӕ фарсмӕ та — Хананиа, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ аразӕг. Уыйадыл Йерусалим, куыд уыди, афтӕ фӕстӕмӕ скодтой — суанг Фӕтӕн Къулы онг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 3:8
6 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ йӕ лӕггадгӕнӕг дохтыртӕн бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ фыды мардмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй базилой. Ӕмӕ дохтыртӕ базылдысты Израилы мардмӕ.


Зарӕггӕнджыты дыккаг къорд сисыл цыди сӕ ныхмӕ, сӕ фӕдыл та адӕмы иннӕ хаимӕ цыдтӕн ӕз: Пецы мӕсыджы рӕзты Фӕтӕн сисы онг.


Уыдон арӕхстгай иумӕ сызмӕнт ӕмӕ афтӕмӕй скӕн уаз сӕрдӕн сой.


Мард бындзытӕй хӕрздӕфгӕнӕн дӕр сысмаг вӕййы; кадджын ӕмӕ куырыхон лӕг иу чысыл куы фӕрӕдийы, уӕд йӕ куырыхон зонд дӕр ӕмӕ йӕ кад дӕр ӕнӕпайда фӕвӕййынц.


Сӕ чыссӕтӕй скалынц сӕ сыгъзӕринтӕ, тӕразыл абарынц ӕвзист ӕмӕ баххуырсынц згъӕртайынгӕнӕджы, цӕмӕй сын сӕ скӕна хуыцау. Сӕ хуыцау куы сцӕттӕ вӕййы, уӕд йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхауынц ӕмӕ йӕм бакувынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan