5 Уыдоны фарсмӕ къул дарддӕр амадтой текойӕгтӕ; уӕвгӕ, сӕ тӕккӕ нымаддӕртӕй никӕй бафӕндыд Дунедарӕджы номыл бакусын.
Текоамӕ арвыста ӕмӕ уырдыгӕй иу зонынджын сылгоймаджы ӕрбахуыдта. Загъта йын: «Дӕхи скӕуӕг кӕн. Дӕ уӕлӕ саутӕ скӕн, дӕхимӕ ма базил, раст цыма, йӕ мардыл рагӕй чи хъыг кӕны, ахӕм сылгоймаг дӕ, уый хуызӕн.
Уый рацарӕзта Вифлеем, Етам, Текоа,
Сӕ фарсмӕ къул дарддӕр амадтой текойӕгтӕ: стыр цӕстахадгӕ мӕсыгӕй Офелы къулы онг.
Уыдоны фарсмӕ къул дарддӕр амадта Уриайы фырт Меремот, Хакоцы байзӕддаг, сӕ фарсмӕ та — Варахийы фырт Мешуллам, Мешезавелы байзӕддаг; уый фарсмӕ — Баанайы фырт Цадок.
Зӕронд кулдуарыл архайдтой Пасеахы фырт Иоада ӕмӕ Бесодиайы фырт Мешуллам; кулдуар сарӕзтой, йӕ дуӕрттӕ йын ӕрцауыгътой, йӕ гуыдыртӕ ӕмӕ йын йе ’хгӕнӕнтӕ сӕвӕрдтой.
Уыцы ныхӕстӕ Ӕз иууылдӕр иудейаг паддзах Цедекиайӕн рафӕзмыдтон. Загътон ын: «Вавилойнаг паддзахы ӕфсондз уӕ уӕлӕ ӕркӕнут, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йын йӕ адӕмӕн дӕр лӕггад кӕнут ӕмӕ цӕрдзыстут.
Дунедарӕг мын загъта: «Сахсӕн ӕмӕ ӕфсондз сараз ӕмӕ сӕ дӕ хъуырыл ӕрцауындз.
Фӕлӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн ныр лӕггад чи нӕ кӕна ӕмӕ йын йе ’фсондз йӕ уӕлӕ чи не ’ркӕна, уыцы адӕмы кӕнӕ паддзахады Ӕз бафхӕрдзынӕн кард, стонг ӕмӕ рынӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уый къухӕй сӕ фесафдзынӕн бынтондӕр.
Бениамины байзӕддӕгтӕ, лидзгӕут Йерусалимӕй! Текоайы сыкъауадындзтӕй уасут, Бет-Керемы нысанӕн арт ссудзут, уымӕн ӕмӕ уӕм цӕгатӕй фӕзындзӕни бӕллӕх, ӕвирхъау сӕфт!
Ацы чиныджы фыст ӕрцыдысты, Амос, Текоайы фыййӕуттӕй иу, цӕстылуайӕны цы фехъуыста, уыдӕттӕ. Уый уыдис иудейаг паддзах Озиайы ӕмӕ Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман, зӕххӕнкъуыстӕй дыууӕ азы раздӕр.
Сӕвӕрут уӕ уӕлӕ Ме ’фсондз ӕмӕ сахуыр ут Мӕнау фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвын, ӕмӕ уӕд удӕнцой ссардзыстут.
Ныр Хуыцауы цӕмӕн къахут? Нӕдӕр нӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр мах кӕй нӕ бафӕрӕзтам хӕссын, уыцы ӕфсондз ахуыргӕнинӕгты ӕккой цӕмӕн ӕвӕрут?
Ӕркӕсут-ма уӕхимӕ, ӕфсымӕртӕ, Хуыцау уӕм куы фӕсидти, уӕд цавӕр уыдыстут: зӕххон барӕнтӕй баргӕйӕ, уе ’хсӕн бирӕ нӕ уыди зондджынтӕ, бирӕ уӕм нӕ уыди тыхджынтӕ, бирӕ уӕм нӕ уыди уӕздӕттӕй.
Дунедарӕджы зӕд бардзырд куы ратты: «Мерозы сахар ралгъитут, ралгъитут ын йӕ цӕрджыты, — йӕ хӕстонтӕ Дунедарӕджы фарс не ’рлӕууыдысты, сӕ сахъгуырдтимӕ Дунедарӕгмӕ нӕ фӕзындысты!»