Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 3:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Дарддӕр, къулы иннӕ хай, амадтой Шелемийы фырт Хананиа ӕмӕ Цалафы ӕхсӕзӕм фырт Ханун. Сӕ фарсмӕ, йӕ агъуысты акомкоммӕ, къул дарддӕр амадта Варахийы фырт Мешуллам.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 3:30
5 Iomraidhean Croise  

Къӕбицгӕстӕй сӕвӕрдтой сауджын Шелеми, динамонӕг Цадок ӕмӕ левит Педаиайы, семӕ ма ӕххуысгӕнӕгӕй — Хананы, Маттаниайы фырт Заккуры фырты, уымӕн ӕмӕ ӕууӕнкджын адӕмыл нымад уыдысты. Бафӕдзӕхстон сын, се ’фсымӕртӕм цы хӕйттӕ хауы, уыдон сын куыд уарой.


Сӕ фарсмӕ, йӕ хӕдзары акомкоммӕ, амадта Иммеры фырт Цадок. Уый фарсмӕ та — Шеханиайы фырт Шемайа, скӕсӕйнаг кулдуары хъахъхъӕнӕг.


Йӕ фарсмӕ Хацорфийы фырт Малкиа, зӕрингуырд, амадта дарддӕр къул Кувӕндоны кусджытӕ ӕмӕ сӕудӕджерты хӕдзары онг, Цӕстдарджыты кулдуары акомкоммӕ, сахары къулы фисыны уӕллаг агъуысты онг.


Уыдоны фарсмӕ къул дарддӕр амадта Уриайы фырт Меремот, Хакоцы байзӕддаг, сӕ фарсмӕ та — Варахийы фырт Мешуллам, Мешезавелы байзӕддаг; уый фарсмӕ — Баанайы фырт Цадок.


Йӕ цӕдисонтӕ уыдысты, кӕрӕдзийӕн ард бахордтой. Уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг Арахы фырт Шеханиайы сиахс уыди, йӕ фырт Йоханан та Варахийы фырт Мешулламы чызджы ракуырдта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan