3 Кӕсаджы кулдуар арӕзтой Сенаайы байзӕддӕгтӕ: йӕ хъайвантӕ йын ныффидар кодтой, йӕ дуӕрттӕ йын ӕрцауыгътой, йӕ гуыдыртӕ ӕмӕ йын йе ’хгӕнӕнтӕ сӕвӕрдтой.
Уый фӕстӕ Менассиа ногӕй рацаразын кодта Давиды сахары ӕддаг быру, уыимӕ йӕ ноджы бӕрзонддӕр систа. Быру цыди Гихоны тӕрфы ныгуылӕйнаг фӕрсты ӕмӕ ахӕццӕ ис Кӕфты кулдуармӕ, стӕй дарддӕр Офелы алыварс ӕрзылди. Иудейы фидаргонд сахарты Менассиа ӕфсӕддон хицӕутты сӕвӕрдта.
Сенаайӕ рацӕуджытӕ — ӕртӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ ӕртын;
Фӕтӕн сисӕй нӕ фӕндаг цыди Ефремы кулдуармӕ, Зӕронд кулдуары рӕзты ӕрцыдыстӕм, Кӕсаджы кулдуарыл ахызтыстӕм, Хананелы мӕсыг ӕмӕ Сӕдӕйы мӕсыджы цурты Фысвосы кулдуармӕ ӕрхӕццӕ стӕм ӕмӕ ӕрлӕууыдыстӕм Хъахъхъӕнджыты кулдуары раз.
Стӕй мын ныффыссӕд паддзахы хъӕдгӕс Асафмӕ, цӕмӕй мын хъӕдӕрмӕг радта Хуыцауы хӕдзары гӕнах, сахары къултӕ ӕмӕ, кӕм цӕрдзынӕн, уыцы хӕдзары кулдуӕртты фаг». Ныффыста мын паддзах гӕххӕтт, уымӕн ӕмӕ мыл Хуыцау йӕ хӕрзаудӕг арм дардта.
Уыдоны фарсмӕ къул дарддӕр амадта Уриайы фырт Меремот, Хакоцы байзӕддаг, сӕ фарсмӕ та — Варахийы фырт Мешуллам, Мешезавелы байзӕддаг; уый фарсмӕ — Баанайы фырт Цадок.
Зӕронд кулдуарыл архайдтой Пасеахы фырт Иоада ӕмӕ Бесодиайы фырт Мешуллам; кулдуар сарӕзтой, йӕ дуӕрттӕ йын ӕрцауыгътой, йӕ гуыдыртӕ ӕмӕ йын йе ’хгӕнӕнтӕ сӕвӕрдтой.
Санбаллат ӕмӕ Тобиа, араббаг Гешем ӕмӕ нӕ иннӕ фыдгултӕ куы фехъуыстой, ӕз къул амад фӕдӕн ӕмӕ дзы къахыртӕ нал ис, уӕвгӕ уӕдмӕ кулдуӕрттӕ ӕмӕ сӕ хӕйттӕ рӕвдз нӕма уыдысты,
Къул куы срӕвдз ӕмӕ кулдуары хӕйттӕ сӕ бынӕттӕ куы ссардтой, уӕд дуаргӕстӕ, зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ левиттӕ нысангонд ӕрцыдысты.
Сенаайы мыггагӕй — ӕртӕ мин фарастсӕдӕ ӕртын.
Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Кӕфты кулдуарӕй райхъуысдзӕн хъарӕг, Мишнейӕ — дзыназын, къуылдымтӕй — ӕбуалгъ гыбар-гыбур.