Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 3:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Офел, зӕгъгӕ, сахары уыцы ран цӕрӕг Кувӕндоны кусджытӕ самадтой къулы иннӕ хай — скӕсӕнӕрдыгӕй Донхӕссӕн кулдуармӕ, цы мӕсыг дзы фӕцыд, уый онг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 3:26
13 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ сӕ уӕзӕгмӕ, сӕ сахартӕм, фыццаг чи ӕрыздӕхт, уыдон уыдысты сауджынтӕ, левиттӕ, Кувӕндоны кусджытӕ ӕмӕ иннӕ израилӕгтӕ.


Йотам сарӕзта Дунедарӕджы Кувӕндоны Уӕллаг кулдуар. Офелы къуыбырыл, сахары сисы раз, бирӕ куыстытӕ бакодта.


Уый фӕстӕ Менассиа ногӕй рацаразын кодта Давиды сахары ӕддаг быру, уыимӕ йӕ ноджы бӕрзонддӕр систа. Быру цыди Гихоны тӕрфы ныгуылӕйнаг фӕрсты ӕмӕ ахӕццӕ ис Кӕфты кулдуармӕ, стӕй дарддӕр Офелы алыварс ӕрзылди. Иудейы фидаргонд сахарты Менассиа ӕфсӕддон хицӕутты сӕвӕрдта.


Иннӕ адӕм: сауджынтӕ, левиттӕ, дуаргӕстӕ, зарӕггӕнджытӕ, Кувӕндоны кусджытӕ — ӕндӕрбӕстаг адӕмтӕй чи фӕхицӕн ӕмӕ Хуыцауы Ӕгъдау чидӕриддӕр райста, уыдон ӕд устытӕ ӕмӕ, сӕ цотӕй ӕмбарынхъом чи уыди, уыцы лӕппутӕ ӕмӕ чызджытимӕ.


Кувӕндоны кусджытӕ та цардысты Офелы. Сӕ хистӕртӕ уыдысты Циха ӕмӕ Гишпа.


Суадоны кулдуары раз, сис Давиды сахармӕ кӕм фӕхӕрд кодта, уым уӕлӕмӕ сӕ фӕндаг адардтой ӕмӕ Давиды хӕдзары сӕрты бахӕццӕ сты Донхӕссӕн кулдуармӕ скӕсӕнӕрдыгӕй.


Сӕ фарсмӕ къул дарддӕр амадтой текойӕгтӕ: стыр цӕстахадгӕ мӕсыгӕй Офелы къулы онг.


Ӕвдӕм мӕй куы ралӕууыди ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ сахарты куы ӕрбынӕттон сты, уӕд адӕм иууылдӕр иу лӕгау ӕрӕмбырд сты Донхӕссӕн кулдуары цур фӕзмӕ ӕмӕ динамонӕг Езрайӕн загътой, Дунедарӕг Израилӕн кӕй бафӕдзӕхста, Моисейы Ӕгъдауы уыцы тухгӕ чиныг рахӕсс, зӕгъгӕ.


Адӕм ацыдысты, къалиутӕ ӕрхастой ӕмӕ халагъудтӕ скодтой: чи — йӕ уӕлхӕдзары, йӕ кӕрты, чи — Хуыцауы хӕдзары кӕртыты, чи — Донхӕссӕн кулдуары цур фӕзы, чи — Ефремы кулдуары цур фӕзы.


Донхӕссӕн кулдуары цур фӕзы сӕумӕйӕ ӕмбисбонмӕ касти дины чиныг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕн, ӕмбарынхъом чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр, ӕмӕ йӕм адӕм иууылдӕр лӕмбынӕг хъуыстой.


Уымӕн ӕмӕ галуан дӕр сафтид, сахар дӕр федзӕрӕг уыдзӕн. Ныккӕлдзысты Офел ӕмӕ хъахъхъӕнӕн мӕсыг, ӕмӕ дзы мыггагмӕ ӕрбынат кӕндзысты хъӕддаг хӕрджытӕ, ривӕд дзы кӕндзысты фосы дзугтӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan