24 Йӕ фарсмӕ, къулы иннӕ хай, Азариайы хӕдзарӕй тигъы фӕзилӕнмӕ, амадта Хенадады фырт Биннуй.
Йешуа, йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ, Кадмиел ӕмӕ йӕ фырттӕ — Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, Дунедарӕджы хӕдзар саразыныл чи архайдта, уыдонмӕ хъусдарджытӕ систы. Афтӕ Хенадады фырттӕ дӕр сӕ левит фырттӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ — уыдон дӕр систы хъусдарджытӕ.
се ’фсымӕртӕ Шеваниа, Ходиа, Келита, Пелаиа, Ханан,
Левиттӕ: Азаниайы фырт Йешуа; Хенадады байзӕддӕгтӕй: Биннуй, Кадмиел;
Къул дарддӕр, уыимӕ — Пецы мӕсыг дӕр, амадтой Харимы фырт Малкиа ӕмӕ Пахат-Моавы фырт Хашшув.
Уый фарсмӕ къулы иннӕ хай, тигъыл цы хотыхдон ис, уый схизӕны акомкоммӕ, сарӕзта Йешуайы фырт Езер, Мицпайы хицау.
Сӕ фарсмӕ, сӕхи хӕдзары акомкоммӕ, къулы хай самадтой Бениамин ӕмӕ Хашшув. Уыдоны фарсмӕ, сӕхи хӕдзары цур, — Маасеайы фырт Азариа, Ананиайы байзӕддаг.
Сӕ фарсмӕ къул дарддӕр амадтой текойӕгтӕ: стыр цӕстахадгӕ мӕсыгӕй Офелы къулы онг.