19 Уый фарсмӕ къулы иннӕ хай, тигъыл цы хотыхдон ис, уый схизӕны акомкоммӕ, сарӕзта Йешуайы фырт Езер, Мицпайы хицау.
Озиа Йерусалимы мӕсгуытӕ сарӕзта: Фисыны кулдуары раз, Дӕлвӕзы кулдуары раз ӕмӕ Къуымы фисыны раз, бафидӕрттӕ сӕ кодта.
Левиттӕ: Азаниайы фырт Йешуа; Хенадады байзӕддӕгтӕй: Биннуй, Кадмиел;
Левиттӕ: Йешуа, Биннуй, Кадмиел, Шеревиа, Иудӕ, кады зарӕг кӕнгӕйӕ сӕйраг чи у, уыцы Маттаниа йӕхӕдӕг ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ,
Суадоны кулдуар самадта Кол Хозейы фырт Шаллум, Мицпайы зылды хицау. Сарӕзта йӕ, уӕлейӕ йын ӕрдынагъуыст скодта, гуыдыртӕ ӕмӕ ӕхгӕнӕнтӕ йыл сӕвӕрдта. Уымӕй уӕлдай ма паддзахы дыргъдоны акомкоммӕ, Силоамы цадӕй Давиды сахарӕй ӕрхизӕн къӕпхӕнты онг, къул самадта.
Къул дарддӕр самадтой се ’фсымӕртӕ: Хенадады фырт Баввей, Кеилайы ӕрдӕгзылды хицау.
Йӕ фарсмӕ, къулы иннӕ хай, Азариайы хӕдзарӕй тигъы фӕзилӕнмӕ, амадта Хенадады фырт Биннуй.