Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 3:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Дарддӕр — Давиды зӕппӕдзтӕй хикъахт цад ӕмӕ ӕфсӕддонты агъуысты онг — къул самадта Азбукы фырт Неемиа, Бет-Цуры ӕрдӕгзылды хицау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 3:16
18 Iomraidhean Croise  

Езекиайӕн йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе сгуыхтытӕ, цад ӕмӕ донвӕд куыд скодта ӕмӕ сахармӕ дон куыд бауагъта, уыдӕттӕ фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».


Шаммайы фырт — Маон. Маон уыди Бет-Цуры фыд.


Бет-Цур, Сохо, Адуллам,


Йӕхицӕн Давиды сахары цы зӕппадз ӕрцӕттӕ кодта, уым ӕй бавӕрдтой. Йӕ хуыссӕнуат ын алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕнтӕй байдзаг кодтой. Йӕ ныгӕнӕн бон ын йӕ номыл басыгътой тынг бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.


Сахары хуссаргӕрӕтты цӕгатӕрдӕм адардтон Суадоны кулдуар ӕмӕ Паддзахы донмарӕнмӕ, фӕлӕ сисы кӕлдтытыл мӕ хайуанӕн уым фаллаг фарсмӕ ахизӕн нӕ уыд.


Къул йӕ чызджытимӕ дарддӕр скодта Халлохешы фырт Шаллум, Йерусалимы ӕрдӕгзылды хицау.


Фаджыскалӕн кулдуар самадта Рехавы фырт Малкиа, Бет-Керемы зылды хицау. Йӕ дуӕрттӕ йын сӕвӕрдта, гуыдыртӕ ӕмӕ ӕхгӕнӕнтӕ ӕрцауыгъта.


Дарддӕр къул амайыныл архайдтой левиттӕ: Банийы фырт Рехум, уыдоны фӕстӕ — Хашавиа, Кеилайы ӕрдӕгзылды хицау.


Уыдоны фарсмӕ къулы иннӕ хай амайыныл архайдта Хуры фырт Рефайа, Йерусалимы ӕрдӕгзылды хицау.


донуӕттӕ сын сарӕзтон.


Мӕнӕ — Соломоны къухтыхӕсгӕ паддзахы бадӕн, йӕ разы — ӕхсай гуыппырсары, Израилы тыхджындӕртӕ.


Быруйы къулрӕбын ног донуат скъахтат ӕмӕ йӕм зӕронд цадӕй дон рауагътат. Фӕлӕ сымах, ӕппӕт адӕтты тыххӕй рагацау уынаффӕ Чи рахаста, Уымӕ нӕ кастыстут, ӕмӕ уыдӕттӕ раджы заманы Чи сфӕнд кодта, Уымӕ уе ’ргом нӕ раздӕхтат.


Сымах федтат, Давиды сахары быру бирӕ рӕтты къахыртӕ ӕмӕ пырхытӕ кӕй уыд, уый. Дон ӕфтауц кодтат Дӕллаг Цады.


Дунедарӕг Исайайӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ фырт Шеар-Йашувимӕ Ахазы размӕ ацу, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл Уӕллаг цадӕй цы дондзӕуӕн цӕуы, уымӕн йӕ ратӕдзӕнмӕ.


Ме ’фсымӕртӕ, мӕ ныфс хӕссын сымахӕн нӕ рагфыдӕл Давиды тыххӕй зӕгъынмӕ: уый амард, ӕрцыди ныгӕд ӕмӕ йӕ зӕппадз абон дӕр бӕлвырд у.


Халхул, Бет-Цур, Гедор,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan