Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 3:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Суадоны кулдуар самадта Кол Хозейы фырт Шаллум, Мицпайы зылды хицау. Сарӕзта йӕ, уӕлейӕ йын ӕрдынагъуыст скодта, гуыдыртӕ ӕмӕ ӕхгӕнӕнтӕ йыл сӕвӕрдта. Уымӕй уӕлдай ма паддзахы дыргъдоны акомкоммӕ, Силоамы цадӕй Давиды сахарӕй ӕрхизӕн къӕпхӕнты онг, къул самадта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 3:15
19 Iomraidhean Croise  

Давид ӕрцарди фидары, Давиды сахар ӕй схуыдта ӕмӕ йын Миллойӕ мидӕмӕ, фидары онг, йӕ алыварс бӕстыхӕйттӕ сарӕзта.


сахар ист ӕрцыд. Иудейаг паддзах Цедекиа ӕхсӕвы тары йӕ хӕстон адӕмимӕ лидзӕг фӕци, ӕмӕ, паддзахы дыргъдоны кӕрон сахары дыууӕ сисы астӕу цы кулдуар уыди, ууылты Иорданы дӕлвӕзмӕ раирвӕзтысты. Ныр халдейӕгты ӕфсад та лӕууыди сахары алыварс.


Езекиа Гихоны донгуырӕны ратӕдзӕн сӕхгӕдта ӕмӕ йын йӕ дон зӕххы бынты Давиды сахары ныгуылӕйнаг фарсмӕ ’рбауагъта. Йӕ алы хъуыддаджы дӕр Езекиа уыди ӕнтыстджын.


Суадоны кулдуары раз, сис Давиды сахармӕ кӕм фӕхӕрд кодта, уым уӕлӕмӕ сӕ фӕндаг адардтой ӕмӕ Давиды хӕдзары сӕрты бахӕццӕ сты Донхӕссӕн кулдуармӕ скӕсӕнӕрдыгӕй.


Сахары хуссаргӕрӕтты цӕгатӕрдӕм адардтон Суадоны кулдуар ӕмӕ Паддзахы донмарӕнмӕ, фӕлӕ сисы кӕлдтытыл мӕ хайуанӕн уым фаллаг фарсмӕ ахизӕн нӕ уыд.


Загътон сын, цы бӕллӕхы бахаудтам, уый уӕхӕдӕг уынут, зӕгъгӕ: Йерусалим гӕныстон фӕци, йӕ кулдуӕрттӕ арты хай баисты. Уӕдӕ бавдӕлӕм, ӕмӕ йын йӕ къул самайӕм, цӕмӕй нырау ӕгад мауал уӕм фидӕны.


Къул йӕ чызджытимӕ дарддӕр скодта Халлохешы фырт Шаллум, Йерусалимы ӕрдӕгзылды хицау.


Фаджыскалӕн кулдуар самадта Рехавы фырт Малкиа, Бет-Керемы зылды хицау. Йӕ дуӕрттӕ йын сӕвӕрдта, гуыдыртӕ ӕмӕ ӕхгӕнӕнтӕ ӕрцауыгъта.


Уый фарсмӕ къулы иннӕ хай, тигъыл цы хотыхдон ис, уый схизӕны акомкоммӕ, сарӕзта Йешуайы фырт Езер, Мицпайы хицау.


Уыдоны фарсмӕ къул амайыныл дарддӕр, Цӕугӕдоны фаллаг фарсы хицауы цӕрӕнты онг, архайдтой гивонаг Мелатиа ӕмӕ меронотаг Йадон, семӕ — гивонӕгтӕ ӕмӕ мицпайӕгтӕ.


Уыдоны фарсмӕ къулы иннӕ хай амайыныл архайдта Хуры фырт Рефайа, Йерусалимы ӕрдӕгзылды хицау.


донуӕттӕ сын сарӕзтон.


«Ацы адӕм Силоамы сабыр доныл нал ӕввӕрсынц, фӕлӕ цин кӕнынц Рециныл ӕмӕ Ремалийы фыртыл,


Йеремиа ацыди Мицпамӕ, Ахикамы фырт Гедалиамӕ, ӕмӕ ма адӕмӕй сӕ бӕстӕйы кӕй ныууагътой, уыдоны ’хсӕн царди йӕ разы.


Кӕнӕ афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ, Силоамы мӕсыг кӕуыл ныккалд ӕмӕ йӕ быны чи фӕмард, уыцы ӕстдӕс лӕджы Йерусалимы иннӕ цӕрджытӕй тынгдӕр фӕазымджын сты?


ӕмӕ йын загъта: «Ацу ӕмӕ дӕ цӕсгом Силоамы найӕны цӕхс». («Силоам» нысан кӕны «ӕрвыст».) Уый ацыд, йӕхи цӕхсадта ӕмӕ фӕстӕмӕ, йӕ цӕстӕй ракаст, афтӕмӕй ӕрбаздӕхти.


Израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр царди, стӕй Галаады цӕрджытӕ, — иууылдӕр иу лӕджы хуызӕн Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты.


Израилӕгтӕ Мицпайы кӕй ӕрӕмбырд сты, уыцы хабар Бениамины фӕдонтӕ дӕр фехъуыстой. Израилӕгтӕ фарстой: «Ахӕм фыдракӕнд цы хуызы ӕрцыди?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan