Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 3:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Фаджыскалӕн кулдуар самадта Рехавы фырт Малкиа, Бет-Керемы зылды хицау. Йӕ дуӕрттӕ йын сӕвӕрдта, гуыдыртӕ ӕмӕ ӕхгӕнӕнтӕ ӕрцауыгъта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 3:14
9 Iomraidhean Croise  

Саулы фырты хӕстонтӕн уыди дыууӕ ӕфсады хицауы, сӕ иуӕн йӕ ном — Баана, иннӕмӕн та — Рехав, бееротаг Риммоны фырттӕ, Бениамины байзӕддӕгтӕ (Беерот дӕр нымад ӕрцыди Бениамины сахарыл;


Йегу уырдыгӕй дарддӕр Самарийы ’рдӕм куыд фӕцӕйцыд, афтӕ дын мӕнӕ йӕ ныхмӕ ӕрбацӕуы Рехавы фырт Йонадав. Йегу йын салам радта ӕмӕ йӕ бафарста: «Мӕныл дӕ зӕрдӕ куыд дарыс, афтӕ дын дӕхиуыл дӕр зӕрдӕ дарӕн ис ӕви нӕ?» Йонадав ын загъта: «О». — «Уӕдӕ дӕ къух ӕри!» Ӕмӕ йӕм Йегу уӕрдонӕй йӕ къух ралӕвӕрдта ӕмӕ йӕ сбадын кодта йӕ фарсмӕ.


Михаел, Баасейа, Малкиа,


Уӕд ӕз Иудейы хицӕутты ахуыдтон сисы сӕрмӕ. Зарӕггӕнджыты дыууӕ стыр къорды цӕуынӕввонг ӕрлӕууын кодтон. Къордтӕй иу сисы сӕрты араст рахизӕрдӕм, Фаджыскалӕн кулдуары ’рдӕм.


Ӕхсӕвы цӕстӕй Дӕлвӕзы кулдуарыл рацыдтӕн сахарӕй, Залиаг калмы суадоны цурты хуссарӕрдӕм атындзыдтон ӕмӕ дарддӕр мӕ ных Фаджыскалӕн кулдуармӕ сарӕзтон. Йерусалимы пырх къултӕ ӕмӕ сыгъд кулдуӕрттӕ фӕрауын-бауын кодтон.


Уыдоны фарсмӕ къулы иннӕ хай амайыныл архайдта Хуры фырт Рефайа, Йерусалимы ӕрдӕгзылды хицау.


Бениамины байзӕддӕгтӕ, лидзгӕут Йерусалимӕй! Текоайы сыкъауадындзтӕй уасут, Бет-Керемы нысанӕн арт ссудзут, уымӕн ӕмӕ уӕм цӕгатӕй фӕзындзӕни бӕллӕх, ӕвирхъау сӕфт!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan