12 Къул йӕ чызджытимӕ дарддӕр скодта Халлохешы фырт Шаллум, Йерусалимы ӕрдӕгзылды хицау.
Уыдоны фарсмӕ къулы иннӕ хай амайыныл архайдта Хуры фырт Рефайа, Йерусалимы ӕрдӕгзылды хицау.
Аргъуанхъахъхъӕнджытӕ: Шаллумы, Атеры, Талмоны, Аккувы, Хатитайы, Шовайы байзӕддӕгтӕй — сӕдӕ ӕртын аст.
Къухмимӕ чи арӕхст, уыцы сылгоймӕгтӕ иууылдӕр ӕлвыстой ӕмӕ хастой ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын, стӕй лыстӕг гӕн.
Дӕуӕй дӕр, мӕ иузӕрдион ӕмкусӕг, ӕххуыс курын уыцы сылгоймӕгтӕн. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст кӕмӕн сты, уыцы Клемент ӕмӕ мӕ иннӕ ӕмкусджыты ӕмрӕнхъ уыдон дӕр мемӕ иумӕ тох кодтой Фарны Уац адӕммӕ хӕссыны сӕраппонд.