10 Къулы иннӕ хай, растдӕриддӕр йӕ хӕдзары бакомкоммӕ, амадта Харумафы фырт Иедайа, дарддӕр та — Хашавниайы фырт Хаттуш.
Хаттуш, Шеваниа, Маллух,
Харим, Меремот, Овадиа,
Къул дарддӕр, уыимӕ — Пецы мӕсыг дӕр, амадтой Харимы фырт Малкиа ӕмӕ Пахат-Моавы фырт Хашшув.
Сӕ фарсмӕ, сӕхи хӕдзары акомкоммӕ, къулы хай самадтой Бениамин ӕмӕ Хашшув. Уыдоны фарсмӕ, сӕхи хӕдзары цур, — Маасеайы фырт Азариа, Ананиайы байзӕддаг.
Уыдоны фарсмӕ къулы иннӕ хай амайыныл архайдта Хуры фырт Рефайа, Йерусалимы ӕрдӕгзылды хицау.
Левиттӕ, Йешуа, Кадмиел, Бани, Хашавниа, Шеревиа, Ходиа, Шеваниа ӕмӕ Петахиа, дзырдтой: «Слӕуут! Стаут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, мыггагӕй-мыггагмӕ! Кад кӕнӕнт Дӕ цытджын номӕн, цыфӕнды кад ӕмӕ ӕппӕлдӕй стырдӕр чи у, уымӕн!