Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 2:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ӕз ын загътон: «Иугӕр мӕ ацыд паддзахӕн фӕндон у, уӕд мын ӕххӕст Цӕугӕдоны фаллаг фарсы бынӕттон хицӕуттӕм ныффыссӕд, цӕмӕй мӕ Иудеймӕ фӕндагыл мачи бакъуылымпы кӕна.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 2:7
6 Iomraidhean Croise  

Уымӕ гӕсгӕ сымах, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ бӕстыхицау Таттенай, стӕй Шетар-Бознай, уе ’мбӕлттимӕ, уыцы фӕрсбӕстӕйы барджынтимӕ, ацӕут уырдыгӕй.


Ӕз, паддзах Артаксеркс, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ хӕзнадартӕн се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхсын: сауджын Езра, Уӕларвон Хуыцауы Ӕгъдауыл ахуыргӕнӕг, цыдӕриддӕр бадома, уый йын дӕттут ӕвӕстиатӕй:


Ӕз мӕ сӕрмӕ уый не ’рхастон, ӕмӕ паддзахӕй ракурон, цӕмӕй нын немӕ, фӕндагыл нӕ фыдгултӕй бахизыны тыххӕй, хъахъхъӕнджытӕ рарвита. Уымӕн ӕмӕ, паддзахимӕ куы дзырдтам, уӕд ын нӕ ныхас уыди: нӕ Хуыцауыл йӕхи чи фӕдзӕхсы, уыдоныл Уый Йӕ хӕрзаудӕг арм дары, йӕхи Йыл чи атигъ кӕны, уыдоны та Йӕ азары хай бакӕны.


Паддзахы бардзырд фехъусын кодтой паддзахады барджынтӕн ӕмӕ доны фале цӕрӕг бынӕттон хицӕуттӕн, ӕмӕ уыдон баххуыс кодтой израилӕгтӕн ӕмӕ Хуыцауы хӕдзары ӕнцой лӕууыдысты.


Ӕз, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ хицӕуттыл паддзахы фыстӕджытӕ сӕмбӕлын кодтон. Паддзах мын мемӕ ӕфсӕддон хицӕуттӕ дӕр рарвыста ӕд барджытӕ.


Уыдоны фарсмӕ къул амайыныл дарддӕр, Цӕугӕдоны фаллаг фарсы хицауы цӕрӕнты онг, архайдтой гивонаг Мелатиа ӕмӕ меронотаг Йадон, семӕ — гивонӕгтӕ ӕмӕ мицпайӕгтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan