Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 2:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уӕд та мӕ паддзах ӕмӕ йӕ ус-паддзах — уый дӕр йӕ фарсмӕ бадти — бафарстой: «Цас рӕстӕг бафӕстиат уыдзынӕ фӕндагыл ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕд ӕрбаздӕхдзынӕ?» Ӕз ӕмгъуыд куы загътон, уӕд паддзах сразы ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 2:6
9 Iomraidhean Croise  

Дӕумӕ кувын, Дунедарӕг! Фехъуысӕд Дӕм Дӕ цагъары куывд ӕмӕ, Дӕ номӕн Дын кад чи кӕны, Дӕ уыцы цагъарты куывд! Дӕ рӕстаудӕнӕй мӕ фӕхайджын кӕн, ацы адӕймаджы хорзӕх мын ратт. (Уыцы заман ӕз дзагдар уыдтӕн паддзахӕн.)


Уыцы рӕстӕг ӕз Йерусалимы нӕ уыдтӕн: Вавилоны паддзах Артаксерксы паддзахиуӕгыл дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы сӕххӕст ис, уӕд ӕм фӕцыдтӕн. Цалдӕр боны фӕстӕ дзы мӕхи фӕстӕмӕ ракуырдтон.


Паддзах мӕ бафарста: «Ӕмӕ дӕ куыд фӕнды?» Ӕз мӕхинымӕр уӕларвон Хуыцаумӕ скуывтон ӕмӕ загътон паддзахӕн: «Паддзах цӕра, кӕд ын фӕндон у ӕмӕ мӕ йӕ хорзӕх ис, уӕд мӕ арвитӕд Иудеймӕ, мӕ фыдӕлты ингӕнтӕ кӕм сты, уыцы сахармӕ, ӕмӕ йӕ ногӕй саразон».


Иу хабар ма: иудейӕгты зӕххыл облӕсты хицау куы сдӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ, Артаксерксы паддзахиуӕгады ссӕдзӕм азӕй дыууадӕс ӕмӕ ссӕдзӕм азмӕ, дыууадӕс азы дӕргъы, облӕсты хицауӕн цы хойраг ӕмбӕлы, уый нӕ хордтам ӕз ӕмӕ мӕ хиуӕттӕ.


Уӕд ногӕй сараздзыстут, раджы пырхон чи ӕрцыд, уыцы бӕстыхӕйттӕ, рагон бындуртыл сараздзыстут ног агъуыстытӕ, ӕмӕ уӕ ӕппӕлдзысты, адон, сахары быруйы гӕмттӕ чи бампъызта ӕмӕ адӕмы сӕраппонд хӕлӕттаг бынӕттӕ ногӕй чи рацарӕзта, уыдон сты, зӕгъгӕ».


О, сымах ногӕй рацараздзыстут, незамантӕй нырмӕ хӕлддзӕгты бын чи баззад, уыцы сахартӕ.


Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн, нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ. Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты, афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.


Байхъус ӕмӕ бамбар: Йерусалимы сахар ногӕй саразыны бардзырд куы рацӕуа, уыцы заманӕй Байсӕрст Фӕтӕджы онг рацӕудзӕни авд хатты ӕвдгай азтӕ ӕмӕ авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы. Уый фӕстӕ сахары уынгтӕ арӕзт ӕрцӕудзысты, фӕлӕ рӕстӕг уыдзӕни тынг уӕззау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan