Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 2:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4-5 Паддзах мӕ бафарста: «Ӕмӕ дӕ куыд фӕнды?» Ӕз мӕхинымӕр уӕларвон Хуыцаумӕ скуывтон ӕмӕ загътон паддзахӕн: «Паддзах цӕра, кӕд ын фӕндон у ӕмӕ мӕ йӕ хорзӕх ис, уӕд мӕ арвитӕд Иудеймӕ, мӕ фыдӕлты ингӕнтӕ кӕм сты, уыцы сахармӕ, ӕмӕ йӕ ногӕй саразон».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 2:4
15 Iomraidhean Croise  

Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд: «Ахитофел дӕр Авессаломимӕ ис, сусӕгвӕндгӕнджыты къорды». Давид загъта: «О Дунедарӕг! Ахитофелы уынаффӕ фехал».


Гивоны йӕм уыцы ӕхсӕв Дунедарӕг фыны раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъы, уый Мӕ ракур!»


Дӕумӕ кувын, Дунедарӕг! Фехъуысӕд Дӕм Дӕ цагъары куывд ӕмӕ, Дӕ номӕн Дын кад чи кӕны, Дӕ уыцы цагъарты куывд! Дӕ рӕстаудӕнӕй мӕ фӕхайджын кӕн, ацы адӕймаджы хорзӕх мын ратт. (Уыцы заман ӕз дзагдар уыдтӕн паддзахӕн.)


Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, ӕз сбадтӕн ӕмӕ ныккуыдтон, цалдӕр боны хъынцъым кодтон, ком дардтон ӕмӕ куывтон уӕларвон Хуыцаумӕ:


Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, цытджын ӕмӕ тасӕфтауӕг, фидыд зӕрдыл дарӕг, чи Йӕ уарзы ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн фарн дӕттӕг Хуыцау!


Ӕз сын загътон: «Уӕларвон Хуыцау ныл рӕстаудӕн кӕны, ӕмӕ мах, Йӕ цагъартӕ, аразынмӕ бавналдзыстӕм, сымах та Йерусалимы ницы хъуыддаг ис, хай дӕр ӕмӕ уын дзы бар дӕр нӕй».


Паддзах ӕй бафарста: «Цы дӕ хъӕуы, ӕхсин-паддзах Естер, цы курдиат дӕм ис? Ӕрмӕст ской кӕн, ӕмӕ дын паддзахады ӕмбис дӕр ратдзынӕн».


Сӕны нуазӕнтӕ систой, афтӕ та паддзах Естеры бафарста: «Цавӕр курдиат дӕм ис? Паддзахады ӕмбис куы бацагурай, уӕд дӕр дӕу у».


Ӕмӕ та дыккаг бон дӕр, фынгыл бадтысты, афтӕмӕй бафарста паддзах Естеры: «Уӕддӕр дӕ цы хъӕуы, ӕхсин-паддзах Естер? Зын — йе ской. Цыфӕнды ма уӕд — дӕ курдиат ӕххӕстыл нымай. Паддзахады ӕмбис дӕр ракуырдтай — дӕу уыдзӕн».


Цыфӕнды фӕндагыл куы цӕуай, уӕддӕр-иу Дунедарӕджы фӕндон базонынмӕ тырн, ӕмӕ дын дӕ фӕндӕгтӕ слӕгъз кӕндзӕн.


Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ фӕнды? Цӕмӕй дын баххуыс кӕнон?» Куырм Ын дзуапп радта: «Раввуни, мӕн фӕнды, цӕмӕй мӕ цӕстытӕй ракӕсон».


Ӕфсӕддон хицау ныххӕцыд лӕппуйы къухыл, фӕхибар ӕй кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы зӕгъинаг мын дӕ?»


Мацӕуыл мӕт кӕнут, фӕлӕ алы хатт дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ Йын кӕнут, арфӕ Йын кӕнгӕйӕ, ӕргом кӕнут уӕ фӕндиӕгтӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan