Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 2:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Загътон паддзахӕн: «Ӕнустӕм нын цӕра паддзах, куыннӕ уон ӕнкъард, кӕд ӕмӕ, мӕ фыдӕлты ингӕнтӕ кӕм сты, уыцы сахар гӕныстонӕй лӕууы, йӕ кулдуӕрттӕ та арты хай баисты!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 2:3
21 Iomraidhean Croise  

Вирсави зӕххы онг ӕркуывта паддзахӕн ӕмӕ загъта: «Мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах Давид, цӕр ӕнусмӕ!»


Вавилоны паддзах Навуходоносоры паддзахиуӕджы нудӕсӕм аз, фӕндзӕм мӕйы ӕвдӕм бон, йӕ хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан, йӕ бӕрнондӕр лӕггадгӕнӕг, Йерусалиммӕ ӕрбацыд


Иорам паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕртын дыууӕ азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта аст азы. Куы амарди, уӕд ыл ничи фӕхъыг кодта. Бавӕрдтой йӕ Давиды сахары, ӕрмӕст, паддзӕхтӕ кӕм ныгӕд уыдысты, уыцы зӕппӕдзты нӕ.


Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой Йерусалимы, ӕцӕг ӕй Израилы паддзӕхты зӕппӕдзтӕм нӕ бахастой. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Езекиа.


Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, Давиды байзӕддӕгты уӕлмӕрды цур, уӕлӕуӕз ран. Йӕ мард ын скадджын кодтой ӕппӕт иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Менассиа.


Вавилойнӕгтӕ Хуыцауы хӕдзар басыгътой, Йерусалимы быру ныппырх кодтой. Сахары галуантӕ сыгъд ӕрцыдысты иууылдӕр, зынаргъ дзаумайӕ дзы цыдӕриддӕр уыди, уыдон ныззыгуым сты.


Уыдон мын загътой, уацары чи нӕ бахауди, уыдон, дам, уым, сӕ бӕстӕйы, удӕгас бӕргӕ сты, фӕлӕ сӕ фыр ӕдзӕллаг ӕмӕ ӕгадӕй арвмӕ асинтӕ ӕвӕрынц; Йерусалимы къул дӕрӕнгонд ӕрцыди, йӕ кулдуӕрттӕ та арты хай баисты.


Ӕхсӕвы цӕстӕй Дӕлвӕзы кулдуарыл рацыдтӕн сахарӕй, Залиаг калмы суадоны цурты хуссарӕрдӕм атындзыдтон ӕмӕ дарддӕр мӕ ных Фаджыскалӕн кулдуармӕ сарӕзтон. Йерусалимы пырх къултӕ ӕмӕ сыгъд кулдуӕрттӕ фӕрауын-бауын кодтон.


Уымӕн ӕмӕ, мӕ адӕмы сӕфтмӕ кӕсгӕйӕ, ӕз ӕнцад куыд лӕууон, куыд кӕсон ӕнцад мӕ туг, ме стӕджы сӕфтмӕ?»


Уымӕн ӕмӕ нын зоны не сконд, сыджыт кӕй стӕм, уый Дзы нӕ рох кӕны.


Адӕймаджы цард у кӕрдӕджы фӕзындау, быдираг дидинӕгау бирӕ нӕ ахӕссы.


Бӕрзонд у Дунедарӕг, сӕрныллӕджы дӕр уыны, сӕрыстыры дӕр базоны дардмӕ.


Адӕймаг аууонау хилы, дзӕгъӕлы у йӕ тухӕн, ӕмбырд кӕны, фӕлӕ кӕмӕн, уый нӕ зоны.


Вавилоны паддзах Навуходоносор нудӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд фӕндзӕм мӕйы дӕсӕм бон хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан, вавилойнаг паддзахы фӕсдзӕуинтӕй иу, ӕрбацыди Йерусалиммӕ.


Йӕ кулдуӕрттӕ йын афӕлдӕхта зӕххыл, куы ратыдта, куы срӕдывта ӕвдузӕнтӕ! Уӕ, тард куы ’рцыдысты сӕ зӕххӕй паддзах ӕмӕ уӕздӕттӕ! О, нал хъуысы Хуыцауы Ӕгъдау! О, пехуымпартӕн Дунедарӕг ныр нал ӕвдисы рагуацтӕ!


Халдейаг куырыхонтӕ паддзахӕн дзуапп радтой арамейаг ӕвзагыл: «Паддзах, бирӕ азты нын дзӕбӕхӕй цӕр! Мах стӕм дӕ цагъартӕ. Радзур нын дӕ фын, ӕмӕ дын, цы амоны, уый зӕгъдзыстӕм».


«Паддзах, бирӕ азты нын дзӕбӕхӕй цӕр!


Паддзах ӕмӕ йе ’лдӕртты ныхас фехъусгӕйӕ, ус-паддзах уазджыты уатмӕ бацыд ӕмӕ загъта: «Паддзах, бирӕ азты нын дзӕбӕхӕй цӕр! Дзӕгъӕлы афтӕ фӕтарстӕ ӕмӕ фӕцыди дӕ хуыз.


Даниил дзуапп радта: «Паддзах, ӕнусмӕ нын цӕр!


Уыйадыл барджынтӕ ӕмӕ стыр хицӕуттӕ иууылдӕр паддзахмӕ бацыдысты ӕмӕ загътой: «Бирӕ азты нын дзӕбӕхӕй цӕр, паддзах Дарий!


Уӕ сахартӕ уын хӕлӕттаг фӕкӕндзынӕн, уӕ кувӕндӕттӕ уын сафтид кӕндзынӕн, уӕ нывӕндтӕ уын нал айсдзынӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan