Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 2:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Сахары хуссаргӕрӕтты цӕгатӕрдӕм адардтон Суадоны кулдуар ӕмӕ Паддзахы донмарӕнмӕ, фӕлӕ сисы кӕлдтытыл мӕ хайуанӕн уым фаллаг фарсмӕ ахизӕн нӕ уыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 2:14
7 Iomraidhean Croise  

Уӕддӕр Ассирийы паддзах Лахишӕй Езекиамӕ стыр ӕфсадимӕ арвыста йӕ барджынты: йе ’фсады хицауы, йӕ галуаны уагдары ӕмӕ йӕ хистӕр дзагдары. Уыдон Йерусалиммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрлӕууыдысты, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл уӕллаг цадӕй донвӕд кӕм рацӕуы, уыцы ран.


Езекиайӕн йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе сгуыхтытӕ, цад ӕмӕ донвӕд куыд скодта ӕмӕ сахармӕ дон куыд бауагъта, уыдӕттӕ фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».


Езекиа Гихоны донгуырӕны ратӕдзӕн сӕхгӕдта ӕмӕ йын йӕ дон зӕххы бынты Давиды сахары ныгуылӕйнаг фарсмӕ ’рбауагъта. Йӕ алы хъуыддаджы дӕр Езекиа уыди ӕнтыстджын.


Суадоны кулдуары раз, сис Давиды сахармӕ кӕм фӕхӕрд кодта, уым уӕлӕмӕ сӕ фӕндаг адардтой ӕмӕ Давиды хӕдзары сӕрты бахӕццӕ сты Донхӕссӕн кулдуармӕ скӕсӕнӕрдыгӕй.


Суадоны кулдуар самадта Кол Хозейы фырт Шаллум, Мицпайы зылды хицау. Сарӕзта йӕ, уӕлейӕ йын ӕрдынагъуыст скодта, гуыдыртӕ ӕмӕ ӕхгӕнӕнтӕ йыл сӕвӕрдта. Уымӕй уӕлдай ма паддзахы дыргъдоны акомкоммӕ, Силоамы цадӕй Давиды сахарӕй ӕрхизӕн къӕпхӕнты онг, къул самадта.


Дарддӕр — Давиды зӕппӕдзтӕй хикъахт цад ӕмӕ ӕфсӕддонты агъуысты онг — къул самадта Азбукы фырт Неемиа, Бет-Цуры ӕрдӕгзылды хицау.


донуӕттӕ сын сарӕзтон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan