Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 2:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Сыстадтӕн ӕхсӕвыгон, мемӕ чи уыди, уыцы цалдӕр адӕймаджы дӕр рабадын кодтон. Хуыцауы фӕндӕй мӕ зӕрды Йерусалимӕн цы саразын уыди, уый зӕгъгӕ дӕр никӕмӕн кодтон. Цы хайуаныл ӕрбацыдтӕн, уымӕй уӕлдай мемӕ фосӕй ницы уыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 2:12
20 Iomraidhean Croise  

Кад уӕд Дунедарӕгӕн, нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, Йерусалимы Дунедарӕджы хӕдзар фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыны хъуыды паддзахы сӕры Чи бауагъта!


Йерусалиммӕ ӕрбацыдтӕн ӕмӕ дзы ӕртӕ боны фӕдӕн.


Ӕхсӕвы цӕстӕй Дӕлвӕзы кулдуарыл рацыдтӕн сахарӕй, Залиаг калмы суадоны цурты хуссарӕрдӕм атындзыдтон ӕмӕ дарддӕр мӕ ных Фаджыскалӕн кулдуармӕ сарӕзтон. Йерусалимы пырх къултӕ ӕмӕ сыгъд кулдуӕрттӕ фӕрауын-бауын кодтон.


Зондджын йӕ зонынад ӕмбӕхсы, зондцух та йе ’дылыдзинад равдисы.


аскъуыйынӕн ӕмӕ бахуыйынӕн; хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ дзурынӕн;


Мӕнӕ ис, Израилы байзӕддӕгтимӕ уыцы заманы фӕстӕ цы Фидыд сараздзынӕн, уый, — зӕгъы Дунедарӕг: Ме ’Гъдау сын сӕ сӕрызонды бавӕрдзынӕн, сӕ зӕрдӕтыл сын ӕй ныффысдзынӕн. Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм.


Ӕз семӕ сараздзынӕн ӕнусон фидыд ӕмӕ сӕ уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ никуыуал ныууадздзынӕн, Мӕ хорзӕхӕй сӕ ӕнӕхай никуыуал фӕкӕндзынӕн. Сӕ зӕрдӕты сын тас бавӕрдзынӕн, цӕмӕй Мӕ тӕрсой, се ’ргом Мӕ мауал аздахой.


Ацы заманы куырыхон йӕ дзыхыл хӕцы, уымӕн ӕмӕ фыд заман у.


Ма ӕууӕнд дӕ хионыл, де ’рдхордыл дӕ зӕрдӕ ма дар, дӕ хуыссӕнуаты чи фынӕй кӕны, уымӕн дӕр-иу мацы схъӕр кӕн.


Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.


Йосиф сыстад ӕмӕ ӕхсӕвы Сывӕллон ӕмӕ Йӕ мадимӕ ацыди Мысырмӕ.


Бузныг Хуыцауӕй, мах уыл куыд ӕнувыд стӕм, афтӕ Титӕн дӕр сымахыл ӕнувыд уӕвыны зӕрдӕ кӕй радта, уый тыххӕй.


Йешуа ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыд Гилгалӕй ӕмӕ сӕм ӕваст балӕбурдта.


Уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау сӕ зӕрдӕты нывӕрдта Йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын — хъуамӕ уой ӕмзонд ӕмӕ, цалынмӕ Хуыцауы ныхас сӕххӕст уа, уӕдмӕ сӕ паддзахы бартӕ раттой сырдмӕ.


Гедеон йе ’ххуырстытӕй дӕс лӕджы равзӕрста ӕмӕ йын Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ бакодта. Ӕрмӕст боныгон нӕ, фӕлӕ ӕхсӕвы, уымӕн ӕмӕ тарстис йӕ хӕстӕджытӕй ӕмӕ иннӕ адӕмӕй.


Ӕхсӕвы дӕ адӕмимӕ фӕссахар бабад.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan