Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 2:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ацы хабӕрттӕ хоронаг Санбаллат, Самарийы бӕстыхицау, ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, куы фехъуыстой, уӕд сын тынг фӕхъыг, израилӕгтӕн, чи сыл ауда, ахӕм чидӕр кӕй фӕзынди, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 2:10
26 Iomraidhean Croise  

Уыцы бон ӕппӕт дзыллӕйы раз хъӕрӕй кастысты Моисейы чиныг. Уым фыст уыди, аммонаг ӕмӕ моавагӕн Хуыцауы адӕмы ӕхсӕнмӕ бацӕуӕн нӕй, зӕгъгӕ,


Иоадайы байзӕддӕгтӕй дӕр иу, алчер Елиашивы фырт, хоронаг Санбаллаты сиахс уыди, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ӕз мӕ цурӕй фӕтардтон.


Уымӕй размӕ та, нӕ Хуыцауы хӕдзары уӕттӕм йӕ цӕст чи дардта, уыцы сауджын Елиашив йӕ хӕрз хион Тобиайӕн


Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ ныл хоронаг Санбаллат ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, стӕй араббаг Гешем былысчъилӕй худтысты: «Цы митӕ кӕнут, цымӕ? Мыййаг уӕм паддзахы ныхмӕ сызмӕнтыны зонд нӕ фӕзынди?»


Санбаллат ӕмӕ Тобиа, араббӕгтӕ, аммонӕгтӕ ӕмӕ ашдодӕгтӕ куы фехъуыстой, Йерусалимы къултӕ ногӕй аразӕм, сӕ къахыртӕ сын ӕхгӕнӕм, уӕд мӕстӕй ссыгъдысты.


Санбаллат ӕмӕ Тобиа, араббаг Гешем ӕмӕ нӕ иннӕ фыдгултӕ куы фехъуыстой, ӕз къул амад фӕдӕн ӕмӕ дзы къахыртӕ нал ис, уӕвгӕ уӕдмӕ кулдуӕрттӕ ӕмӕ сӕ хӕйттӕ рӕвдз нӕма уыдысты,


Уыцы хабар нӕ фыдгултӕ куы фехъуыстой, нӕ алыварс адӕмтӕ йӕ иууылдӕр сӕхи цӕстӕй куы федтой, уӕд сӕхимӕ ӕгад ӕркастысты: бамбӕрстой, хъуыддаг нӕ Хуыцауы фӕндӕй кӕй сӕнтысти, уый.


Ксерксы фӕстӕ дыккаг лӕг уыди паддзахады иудейаг Мардохей. Тынг ӕй нымадтой ӕмӕ уарзтой йӕ адӕм. Йӕ адӕм ӕвыд ӕмӕ амондджынӕй куыд цӕрой, ууыл архайдта кӕддӕриддӕр.


Маст ӕгъатыр у, ӕнцон нӕу ӕхсидгӕ маст уромын, фӕлӕ зӕрдӕхсайдӕн чи ныффӕраздзӕн?


цагъар паддзах куы свӕййы; зондцух хӕринагӕй куы бафсӕды;


цагъар уӕлбӕхӕй кӕсы, ӕлдар та фистӕгӕй цӕуы.


Мӕ зӕрдӕ дзыназы Моавы хъысмӕтыл; йӕ адӕм лидзынц Цоары сахармӕ — Еглат-Шелишимӕ. Кӕугӕйӕ ссӕуынц Лухиты хъӕуы хӕрдыл; Хоронаимы сахармӕ фӕндагыл зӕрдӕхалӕн хъарджытӕ кӕнынц.


Мицпайы ма адӕмӕй чи баззад — паддзахы чызджытӕ ӕмӕ иннӕ адӕм, — хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Ахикамы фырт Гедалиайы хицауӕй кӕмӕн сӕвӕрдта, уыдоны се ’ппӕты дӕр Нетаниайы фырт Измаел уацары акодта ӕмӕ аммонӕгты ’рдӕм фӕраст ис.


Хъарӕг хъуысы Хешбонӕй Елалемӕ, суанг Йахацы сахармӕ, Цоарӕй Хоронаим ӕмӕ Еглат-Шелишийы онг адӕмы хъӕр хъуысы, уымӕн ӕмӕ Нимримы дӕттӕ байсысдзысты.


Лухитмӕ фӕндагыл адӕм сау цӕссыг згъалынц; Хоронаиммӕ фӕндагыл адӕм хъарӕг кӕнынц, хӕлӕттаг кӕй фесты, ууыл.


Мӕстӕй мардысты апостолтӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон адӕмы ахуыр кодтой ӕмӕ дзырдтой, Йесо куыд райгас ис, мӕрдтӕ дӕр афтӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ.


Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ алчертӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕджих сты — цы ӕрцыд, уымӕн ницы ӕмбӕрстой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan