9 Бафӕдзӕхстон, агъуыст сыгъдӕггонд куыд ӕрцӕуа ӕмӕ Хуыцауы галуаны мигӕнӕнтӕ, хойраджы хуынтӕ ӕмӕ буд фӕстӕмӕ уырдӕм хаст куыд ӕрцӕуой, афтӕ.
Загъта сын: «Ӕрбайхъусут мӕм, левиттӕ! Ссыгъдӕг кӕнут уӕхи дӕр ӕмӕ Дунедарӕджы, уӕ фыдӕлты Хуыцауы, Кувӕндон дӕр. Цыдӕриддӕр дзы ӕнӕсыгъдӕгӕй ис, уыдон иууылдӕр раппарут.
Нӕ хоры фыццаг ссадӕй хуын, нӕ дыргътӕй, нӕ сӕн ӕмӕ сойӕ сауджынтӕн сӕ хай хӕсдзыстӕм, нӕ Хуыцауы хӕдзары цур цы къӕбицтӕ ис, уырдӕм. Нӕ зӕххы бӕркады дӕсӕймаг хай та — левиттӕн. Левитты уыдзӕн нӕ тыллӕджы дӕсӕймаг хай, нӕ сахартӕй зӕххы куыст кӕмдӕриддӕр чындӕуы, уым.
Уыдон уыдысты зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ дуаргӕстӕ, уазлӕггад кодтой сӕ Хуыцауӕн, архайдтой сыгъдӕг кӕныны хъуыддӕгты, Давид ӕмӕ йӕ фырт Соломонӕй куыд фӕдзӕхст уыди, афтӕ.
Цӕгатварс кулдуары раз уыд иу агъуыст, тыргъӕй йӕм уыди дуар. Уым донӕй ныхсынц иууылсудзинаджы уӕнгтӕ.