Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 13:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уыцы рӕстӕг ӕз Йерусалимы нӕ уыдтӕн: Вавилоны паддзах Артаксерксы паддзахиуӕгыл дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы сӕххӕст ис, уӕд ӕм фӕцыдтӕн. Цалдӕр боны фӕстӕ дзы мӕхи фӕстӕмӕ ракуырдтон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 13:6
7 Iomraidhean Croise  

Авд боны цин кодтой Донгонд дзулты бӕрӕгбоныл. Уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг арфӕ ракодта, Ассирийы паддзахы зӕрдӕ сӕм раздӕхта, ӕмӕ сын уый йе ’ххуысы руаджы Израилы Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ сӕ къухтӕ сфидар кодта.


Уый уыд Артаксерксы паддзахиуӕгады ссӕдзӕм азы, нисаны мӕйы. Паддзахы раз сӕн уыди. Ӕз дзы кӕхцы ӕркодтон ӕмӕ йӕм ӕй балӕвӕрдтон. Паддзах мӕ уымӕй размӕ ӕнкъардӕй никуы федта, ӕмӕ мын загъта: «Цӕуыл ӕнкъард дӕ? Рынчын нӕ дӕ, уый бӕрӕг у, фӕлӕ, бӕлвырд, дӕ зӕрдӕйы цыдӕр хъыг ис». Мӕнӕн мӕ уд фӕтахти.


Иу хабар ма: иудейӕгты зӕххыл облӕсты хицау куы сдӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ, Артаксерксы паддзахиуӕгады ссӕдзӕм азӕй дыууадӕс ӕмӕ ссӕдзӕм азмӕ, дыууадӕс азы дӕргъы, облӕсты хицауӕн цы хойраг ӕмбӕлы, уый нӕ хордтам ӕз ӕмӕ мӕ хиуӕттӕ.


Израилы адӕм бынӕй бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты Моисейы ӕрыздӕхынмӕ хохӕй. Куынӕ ӕмӕ куынӕ зындис, уӕд ӕрӕмбырд сты Ааронмӕ ӕмӕ дзы ӕрдомдтой: «Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцау нын сараз, науӕд нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы лӕг — Моисей — цы баци, уымӕн ницы зонӕм».


Адӕм куы бафынӕй сты, уӕд йе знаг ӕрбацыд, мӕнӕуы ӕхсӕн байтыдта мӕгъӕлда ӕмӕ ацыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan