Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 13:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Иоадайы байзӕддӕгтӕй дӕр иу, алчер Елиашивы фырт, хоронаг Санбаллаты сиахс уыди, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ӕз мӕ цурӕй фӕтардтон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 13:28
14 Iomraidhean Croise  

Ӕртӕ бонмӕ чи нӕ фӕзына, уымӕн хицӕуттӕ ӕмӕ хистӕрты фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ исбон ӕнӕхъӕнӕй ист ӕрцӕудзӕн, йӕхиуыл та йын ӕрбалидзджыты ’хсӕн хъоды бакӕндзысты.


Йешуайӕ райгуырди Иоаким, Иоакимӕй — Елиашив, Елиашивӕй райгуырди Иоада,


Левиттӕ, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, номхыгъдмӕ хаст ӕрцыдысты алчертӕ Елиашив, Иоада, Йоханан ӕмӕ Йадуайы рӕстӕджыты, сауджынты мыггӕгтӕ та — Персаг Дарийы паддзахиуӕджы заман.


Уый тыххӕй ӕз семӕ схъаугъа дӕн, ралгъыстон сӕ, кӕйдӕрты дзы нӕмгӕ дӕр ракодтон, сӕ сӕрыхъуынтӕй сӕ фӕралас-балас кодтон ӕмӕ сын загътон, цӕмӕй Хуыцауӕй басомы кӕной, сӕ чызджыты ӕцӕгӕлон адӕмтӕм моймӕ кӕй нал дӕтдзысты, уыдоны чызджыты та сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕн дӕр кӕй нал курдзысты.


Ацы хабӕрттӕ хоронаг Санбаллат, Самарийы бӕстыхицау, ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, куы фехъуыстой, уӕд сын тынг фӕхъыг, израилӕгтӕн, чи сыл ауда, ахӕм чидӕр кӕй фӕзынди, уый.


Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ ныл хоронаг Санбаллат ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, стӕй араббаг Гешем былысчъилӕй худтысты: «Цы митӕ кӕнут, цымӕ? Мыййаг уӕм паддзахы ныхмӕ сызмӕнтыны зонд нӕ фӕзынди?»


Алчер Елиашив бавдӕлд ӕмӕ йӕ сауджын ӕфсымӕртимӕ Фысвосы кулдуар сарӕзтой. Срухс ӕй кодтой ӕмӕ йын йӕ дуӕрттӕ сӕвӕрдтой. Сӕдӕйы мӕсыгӕй Хананелы мӕсыгмӕ дӕр къул самадтой ӕмӕ йӕ срухс кодтой.


Мах къул кӕй аразӕм, уый Санбаллатӕн йӕ тъӕнгтӕ цагъта, ӕмӕ маст кодта иудейӕгтӕн, хынджылӕг сӕ кодта


Уӕлхӕдзары иунӕгӕй фӕбады цъиу, ӕз уыйау ныр фынӕй нӕ кӕнын, бадын.


Зондджын паддзах ӕнӕхуыцӕутты дымгӕмӕ ныддары, найгӕнӕнӕй сӕ бассӕнды.


Паддзах тӕрхон кӕнынмӕ куы ’рбады, уӕд йӕ цӕстӕнгасӕй алы ’взӕрдзинад дӕр дымгӕмӕ ныддары.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan