Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 13:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 уымӕн ӕмӕ уыдон израилӕгтыл дзул ӕмӕ донимӕ нӕ сӕмбӕлдысты, фӕлӕ сын сӕ ныхмӕ баххуырстой Балаамы, цӕмӕй сӕ ралгъита, фӕлӕ уыцы фыдӕлгъыст нӕ Хуыцау раивта арфӕйӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 13:2
12 Iomraidhean Croise  

Мӕ адӕм! Ӕрхъуыды-ма кӕнут, Моавы паддзах Балак цы сфӕнд кодта ӕмӕ йын Беоры фырт Балаам цавӕр дзуапп радта, уый, стӕй уыл Ситтимӕй Гилгалы онг цытӕ ӕрцыдис, уыдӕттӕ, — уӕд бамбардзыстут, Дунедарӕг уын цас хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый».


Ӕмӕ загъта Балаам йӕ ныхас: «Сыст, Балак, ӕмӕ ӕрбайхъус, лӕмбынӕг ӕрбайхъус, Ципоры фырт!


Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн цы сарӕзтат, уый Мӕнӕн сарӕзтат“.


Аммонӕгтӕ ӕмӕ моавӕгтӕн никуы уыдзӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн, суанг сӕ байзӕддӕгты дӕс фӕлтӕры кӕрӕдзийы куы аивой, уӕд дӕр,


уымӕн ӕмӕ уын уыдон, Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕд фӕндагыл сӕ къӕбӕр ӕмӕ сӕ дон бахӕлӕг кодтой, стӕй ма уыимӕ Арам-Нахараимаг Петоры цӕрӕг Балаамы, Беоры фырты дӕр баххуырстой, цӕмӕй уӕ ралгъита.


Фӕлӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, нӕ байхъуыста Балааммӕ, йе ’лгъыст ын арфӕмӕ раздӕхта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уарзы сымах.


ныууагътой раст фӕндаг, фӕдзӕгъӕл сты ӕмӕ ацыдысты Восоры фырт Балаамы фӕндагыл — уый бабӕллыд тӕригъӕд хъуыддаджы фӕрцы пайда скӕнынмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan