Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 13:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уӕ фыдӕлтӕ дӕр, зӕгъын, раст афтӕ кодтой, ӕмӕ Хуыцау уымӕн сӕвӕрдта Йӕ бӕллӕх махыл дӕр ӕмӕ ацы сахарыл дӕр. Ныр сымах та сабат чъизи кӕнут ӕмӕ уымӕй ноджы тынгдӕр Хуыцауы мӕсты кӕнут уӕхимӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 13:18
16 Iomraidhean Croise  

Ноджы ма нӕхицӕн фӕткыл банымадтам, нӕ Хуыцауы хӕдзар хъуаг цӕмӕй ӕййафа, уыдӕттӕн афӕдз шекелы ӕртыккаг хай дӕттын:


Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста:


Куынӕ Мӕм байхъусат, сабатбон уын уаз куынӕ уа ӕмӕ уыцы бон Йерусалимы кулдуарыл уӕ уӕргътимӕ куы цӕуат, уӕд Ӕз ацы кулдуар басудздзынӕн, ӕмӕ уыцы ӕнӕ ахуысгӕ арт Йерусалимы галуантӕ иууылдӕр бабын кӕндзӕн».


Дунедарӕгӕн Йӕ бон нал уыд уӕ фыдракӕндтӕм, уе ’лгъаг митӕм кӕсын, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестад, ӕлгъитынц ӕй, йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтауы, ӕмӕ дзы иунӕг цӕрӕг дӕр нал баззад.


Ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд судзгӕйӕ, Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын стут, Дунедарӕджы ныхасмӕ нӕ хъуыстат. Йе ’Гъдау, Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын не ’ххӕст кодтат, ӕмӕ уыл ныр ацы бӕллӕх дӕр уымӕн ӕрцыди».


Уӕ фыдӕлтӕ, иудейаг паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ устытӕ, стӕй уӕхӕдӕг ӕмӕ уӕ бинойнӕгтӕ Иудейы зӕххыл ӕмӕ Йерусалимы уынгты цы фыдракӕндтӕ фӕкодтой, уыдон уӕ ферох сты, мыййаг?


Дӕ уӕлӕйӕ дын раппардзысты дӕ дарӕстӕ ӕмӕ дӕ фӕлындӕнтӕ.


Мысырӕгтимӕ хъахбай митӕ кӕнынӕй дӕр не ’нцад. Уыдон йемӕ ӕмуат цыдысты йе ’взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ, ӕууӕрстой йын йӕ чызгон дзидзитӕ, фӕчъизи-иу ӕй кодтой, сӕ хъахбай мондӕгтӕ дзы исгӕйӕ.


Кӕд мӕм уый фӕстӕ дӕр нӕ байхъусат, уӕд уӕ авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


уӕд уӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


Сымах дзурут: «Мӕйноджы бӕрӕгбон куы фӕуа, уӕд та хор уӕй кӕндзыстӕм, сабаты фӕстӕ байгом кӕндзыстӕм нӕ хордӕттӕ. Ефӕйы уӕз та фӕкъаддӕр кӕндзыстӕм, шекелы аргъ фӕфылдӕр кӕндзыстӕм, раст чи нӕ бары, ахӕм барӕнтӕй адӕмы фӕливдзыстӕм.


Ӕмӕ мӕнӕ ныр уӕ фыдӕлты бынаты ралӕууыдыстут сымах, тӕригъӕдджынты бардз, цӕмӕй та Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм рафыца.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan