Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 13:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Ӕз бауайдзаф кодтон Иудейы уӕздӕттӕн, ахӕм ӕвзӕр митӕ уӕ сӕрмӕ цӕмӕн хӕссут ӕмӕ сабаты бон цӕмӕн чъизи кӕнут, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 13:17
14 Iomraidhean Croise  

Уый тыххӕй ӕз бауайдзӕф кодтон, хистӕрад кӕй бӕрны уыди, уыдонӕн, ӕдзӕллагӕй цӕмӕн ныууагътам Хуыцауы хӕдзар, зӕгъгӕ. Ӕрӕмбырд кодтон левитты ӕмӕ сӕ алкӕй йӕ бынаты сӕвӕрдтон.


Иудейы цӕрӕг тирӕгтӕ дӕр ластой кӕсаг ӕмӕ ӕндӕр уӕййӕгтӕ ӕмӕ сӕ сабатбон уӕй кодтой Иудейы ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн.


Уый тыххӕй ӕз семӕ схъаугъа дӕн, ралгъыстон сӕ, кӕйдӕрты дзы нӕмгӕ дӕр ракодтон, сӕ сӕрыхъуынтӕй сӕ фӕралас-балас кодтон ӕмӕ сын загътон, цӕмӕй Хуыцауӕй басомы кӕной, сӕ чызджыты ӕцӕгӕлон адӕмтӕм моймӕ кӕй нал дӕтдзысты, уыдоны чызджыты та сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕн дӕр кӕй нал курдзысты.


Ныссагъӕс кодтон ӕмӕ азымы ныхӕстӕ ныккалдтон номдзыддӕртӕ ӕмӕ хицӕуттыл. Загътон сын, сымах, зӕгъын, уе ’фсымӕртӕн сӕ хӕс уӕлдайджынтӕй фидын кӕнут. Сӕ ныхмӕ дзӕвгар адӕм ӕрӕмбырд кодтон.


Хуыцауы ӕгъдау чи ферох кодта, уыдон ӕнӕхуыцӕуттӕй феппӕлынц, фӕлӕ, Хуыцауы ’гъдау чи хъахъхъӕны, уыдон сӕ ныхмӕ тох кӕнынц.


Ӕрбайхъусут Дунедарӕгмӕ, Содомы ӕлдӕрттӕ! Уӕ хъус ӕрдарут нӕ Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Гоморрӕйы адӕм!


Паддзах ӕмӕ йӕ мадӕн зӕгъ: «Сӕрныллӕгӕй ӕрбадут зӕххыл, уымӕн ӕмӕ уӕ кады худтӕ ӕрхаудысты».


Фӕлӕ Израилы адӕм ӕдзӕрӕг ран Мӕ ныхмӕ фесты. Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, Мӕ амындтытыл Мын суӕлӕхох сты, афтӕмӕй та уыдон, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уымӕн цард дӕттынц. Фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕмӕ Ӕз загътон, ӕдзӕрӕг ран сыл Мӕ азар ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.


Дӕ зӕрдӕйы мидӕг де ’фсымӕрмӕ ӕнӕуынондзинад ма ӕмбӕхс. Ӕргомӕй йын бауайдзӕф кӕн, науӕд дӕхӕдӕг дӕр йӕ тӕригъӕдты азымджын фӕуыдзынӕ.


Байхъусут, Йаковы ӕлдӕрттӕ, Израилы хӕдзары фӕтӕгтӕ! Сымах хъуамӕ, рӕстдзинад цы у, уый ма зонат?


Байхъусут, Йаковы ӕлдӕрттӕ, Израилы хӕдзары фӕтӕгтӕ! Сымах ӕлгъ кӕнут раст тӕрхоныл, растӕй цы ис, уый ныггалиутӕ кӕнут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan