Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 13:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Иудейы цӕрӕг тирӕгтӕ дӕр ластой кӕсаг ӕмӕ ӕндӕр уӕййӕгтӕ ӕмӕ сӕ сабатбон уӕй кодтой Иудейы ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 13:16
5 Iomraidhean Croise  

Уыцы бонты ӕз федтон: сабаты Иудейы сӕн дыгътой, куыристӕ ластой ӕмӕ хӕрджытыл сӕн, сӕнӕфсир, легъуи ӕмӕ ӕндӕр уӕргътӕ ӕвӕрдтой. Сабаты ӕппӕт уыдӕттӕ Йерусалиммӕ ластой. Тӕккӕ уыцы бон сын ӕз карзӕй загътон, цӕмӕй сабаты мацы уӕй кӕной.


Ӕз бауайдзаф кодтон Иудейы уӕздӕттӕн, ахӕм ӕвзӕр митӕ уӕ сӕрмӕ цӕмӕн хӕссут ӕмӕ сабаты бон цӕмӕн чъизи кӕнут, зӕгъгӕ.


ӕвдӕм бон та — сабат — Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, у, ӕмӕ уыцы бон мадӕр дӕхӕдӕг исты кус, мадӕр дӕ фырт исты кусӕд, мадӕр — дӕ чызг, мадӕр — дӕ цагъар, мадӕр — де ’ххуырст, мадӕр — дӕ фос, мадӕр — дӕ сахары цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг.


Ӕхсӕз боны дӕргъы кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ӕвдӕм бон та уын уӕд ӕнцойы бон, цӕмӕй баулӕфой уӕ галтӕ ӕмӕ уӕ хӕрджытӕ дӕр, сӕ фӕллад суадзой уӕ цагъайраг сылгоймӕгты фырттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ.


Ӕвдӕм бон та — сабат; уый Дунедарӕджы у, дӕ Хуыцауы. Мацы куыст кӕн: ды дӕр, дӕ фырт дӕр, дӕ чызг дӕр, дӕ цагъар дӕр (нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг), дӕ гал, дӕ хӕрӕг, дӕ алы фос дӕр, дӕ фарсмӕ цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг дӕр. Дӕуау сӕ фӕллад суадзӕнт дӕ цагъартӕ дӕр сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan