8 Левиттӕ: Йешуа, Биннуй, Кадмиел, Шеревиа, Иудӕ, кады зарӕг кӕнгӕйӕ сӕйраг чи у, уыцы Маттаниа йӕхӕдӕг ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ,
Зарӕггӕнджытӕ, левитты мыггӕгты хистӕртӕ, цардысты Кувӕндоны хатӕнты. Иннӕ куыстытӕй уыдысты сӕрибар, уымӕн ӕмӕ ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр ӕххӕст кодтой, сӕ бӕрны чи уыд, уыцы куыст.
Левиттӕ: Йешуайы ӕмӕ Кадмиелы мыггӕгтӕй (Ходавийы байзӕддӕгтӕ) — ӕвдай цыппар.
Ӕмӕ бавдӕлдысты Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ йӕ сауджын ӕмбӕлттӕ, стӕй Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕ ӕмӕ Израилы Хуыцауӕн сарӕзтой нывондхӕссӕн, цӕмӕй йыл, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Моисейы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ иууылсудзинӕгтӕ судзой.
ӕмӕ Маттаниа, Михайы фырт, Завдийы фырты фырт, Асафы фыртӕн йӕ фырты фырт, кувыны рӕстӕг сӕйраг куывдамонӕг; йӕ фӕстӕ йе ’фсымӕртӕй дыккаг зарӕггӕнӕг — Бакбукиа, стӕй Авда, Шаммуайы фырт, Галалы фырты фырты, Йедутуны фыртӕн йӕ фырты фырт.
Йерусалимы левитты хистӕр уыди Уззи, Банийы фырт, Хашавиайы фырт, Маттаниайы фырт, Михайы фырт. Уый уыдис Асафы байзӕддаг, уазлӕггады рӕстӕг Хуыцауы хӕдзары заргӕ чи кодта, уыдоны мыггагӕй.
Левитты хистӕртӕ: Хашавиа, Шеревиа, Кадмиелы фырт Йешуа се ’фсымӕртимӕ арфӕйы рӕстӕг кады зарджытӕ хъуамӕ зарой, Хуыцауы уарзон адӕймаг Давиды амындмӕ гӕсгӕ, кӕрӕдзийы ивгӕйӕ.
Саллу, Амохъ, Хилкиа, Иедайа. Уыдон — алчер Йешуайы рӕстӕджы сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕ.
Бакбукиа ӕмӕ Унни та, се ’фсымӕртӕ, семӕ ӕмзард кодтой иннӕ къорды.
Левиттӕ: Йешуа ӕмӕ Кадмиелы байзӕддӕгтӕй (Ходевайы хӕдзарӕй) — ӕвдай цыппар.
Леванайы, Хагавайы, Шалмайы фырттӕ;
Йешуа, Бани, Кадмиел, Шеваниа, Бунни, Шеревиа, Бани ӕмӕ Кенани левитты бӕрзонд лӕууӕнмӕ схызтысты ӕмӕ хъӕр кодтой Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ.