Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 12:47 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

47 Зоровавелы рӕстӕг ӕмӕ Неемиайы рӕстӕг израилӕгтӕ иууылдӕр зарӕггӕнджытӕн ӕмӕ дуаргӕстӕн лӕвӕрдтой сӕ боны хардз, левиттӕн сӕ уаз хай лӕвӕрдтой, левиттӕ та дзы хай кодтой Аароны фырттӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 12:47
14 Iomraidhean Croise  

Паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ йын йӕ цард-цӕрӕнбонты ӕрвылбон хойраг лӕвӕрдтой ӕнӕсцухӕй.


Сахары кӕронмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кулдуаргӕстӕм фӕдзырдтой ӕмӕ сын рахабар кодтой, зӕгъгӕ, сириаг рӕсӕнуатмӕ бацыдыстӕм, ӕмӕ дзы иу адӕймаг дӕр нӕ зыны, иу хъыпп-сыпп дзы никуыцӕй хъуысы, ӕрмӕстдӕр дзы ис баст бӕхтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, стӕй ӕд ис-бис цатыртӕ.


Уыдон ӕрыздӕхтысты Зоровавелимӕ, Йешуаимӕ, Неемиаимӕ, Сераимӕ, Реелайаимӕ, Мардохеимӕ, Билшанимӕ, Миспаримӕ, Бигваимӕ, Рехумимӕ ӕмӕ Баанаимӕ. Уыцы израилӕгты нымӕц у:


Уыдонӕн ӕмӕ зарӕггӕнджытӕн, паддзахы сӕрмагонд фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, алы бон дӕр ӕмбӕлди бӕрӕг хардз.


Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ Йешуаимӕ уацарӕй ӕрбаздӕхтысты сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ. Сауджынтӕ: Серай, Йеремиа, Езра,


Иоакимы рӕстӕг сауджынтӕ, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, уыдысты: Серайы хӕдзары — Мерайа, Йеремиайы хӕдзары — Хананиа,


Уыдон цардысты Иоакимы, Иоцадакы фырт Йешуайы фырты рӕстӕджы, облӕсты хицау Неемиа ӕмӕ динамонӕг Езра-сауджыны рӕстӕджы.


Хуыцауы ныхас кӕмӕн амындӕуы, уый йӕ цавӕрфӕнды исбонӕй дӕр хай кӕнӕд ахуыргӕнӕгӕн.


уӕд ын уыдонимӕ ӕмхуызон хай ис, йӕ фыды бынтӕ йын цӕрынваг куы кӕной, уӕд дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan