Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 12:46 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

46 Уымӕн ӕмӕ раджы, Давиды ӕмӕ Асафы рӕстӕджыты, амынд ӕрцыдысты зарӕггӕнджыты сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ Хуыцауы стыд ӕмӕ арфӕйы зарджытӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 12:46
7 Iomraidhean Croise  

Зарӕггӕнджытӕ, левитты мыггӕгты хистӕртӕ, цардысты Кувӕндоны хатӕнты. Иннӕ куыстытӕй уыдысты сӕрибар, уымӕн ӕмӕ ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр ӕххӕст кодтой, сӕ бӕрны чи уыд, уыцы куыст.


Паддзах Езекиа ӕмӕ йӕ барджынтӕ левиттӕн загътой, цӕмӕй Дунедарӕджы стауой Давид ӕмӕ зонынджын Асафы ныхӕстӕй. Ӕмӕ уыдон дӕр хъӕлдзӕгӕй ныззарыдысты Дунедарӕджы кадӕн, бакуывтой Йын ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.


ӕмӕ Маттаниа, Михайы фырт, Завдийы фырты фырт, Асафы фыртӕн йӕ фырты фырт, кувыны рӕстӕг сӕйраг куывдамонӕг; йӕ фӕстӕ йе ’фсымӕртӕй дыккаг зарӕггӕнӕг — Бакбукиа, стӕй Авда, Шаммуайы фырт, Галалы фырты фырты, Йедутуны фыртӕн йӕ фырты фырт.


О Дунедарӕг, скадджын Дӕ кӕндзысты ӕппӕт зӕххон паддзӕхтӕ, Дӕ комӕй рацӕугӕ дзырдтӕ куы фехъусой, уӕд.


Асафы зондамонӕн псалом. О Хуыцау, ӕнусмӕ ныл цӕмӕн бахъоды кодтай? Цӕмӕн рафыхт Дӕ маст Дӕ сӕрвӕты дзугмӕ?


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ха-гиттит»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Корахы фыртты псалом.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan